филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:12 суббота, 28 сентября 2024
02 сентября 2020, 15:21
16 азы размæ нырыккон Уæрæсейы æрцыди æппæтæй æгъатырдæр трагикон цау

Уыди 2004-æм азы Беслæны

16 азы размæ нырыккон Уæрæсейы æрцыди æппæтæй æгъатырдæр трагикон цау. Уыди 2004-æм азы Беслæны. Кадджын линейкæйы рæстæг террористтæ бацахстой скъола. Уыцы рæстæг дзы разынди 1100 адæймаджы æмæ се ппæты дæр райстой амынæты. 334 адæймаджы дзы фæмардысты, уыдонæй 180 сывæллæттæ. Уæд, Беслæны тыххæй базыдта æнæхъæн дуне. Цæгат Ирыстоны та къæлиндары 1-æм сентябры бæрæгбон раивта саударæн бонæй. 2004-æм азы фæстæ Беслæны аивта алцыдæр. Адæмы удыхъæд, æрвылбоны цард… Ацы бонты дзы цæуы номарæн вахтæ. Бæлвырддæр Касаты Наирæ.

Тæрсгæ дæр нал кæны…Дзгойты Фатимæ у Беслæны 1-æм скъолайы амынæты уæвæг. Сæрмагонд дæлхайæдтæ скъоламæ куы бацыдысты, уый фæстæ чызджы рынчындоны базыдтой йæ къахыдарæсмæ гæсгæ. Фатимæйæн уæззау цæф баййæфта йæ сæр. 2004-æм азы сси инвалид. Уæд ыл цыди æрмæстдæр 10 азы. Ныртæккæ у 26 аздзыд чызг. Фатимæ та ногæй бакъахдзæф кодта скъолайы залмæ. Фæлæ ныр иунæгæй нæ. Ацы хатт йæ бинонтимæ.

Ацы бонты Беслæны цæуы номарæн Вахтæ. Мысынц æдзард сабиты, сæ ныййарджыты æмæ сæ ахуыргæнджыты рухс нæмттæ. Уыцы трагикон цаутæй рацыд 16 азы. Фæлæ адæмы зæрдæты хъæдгæмттæ нæ дзæбæх кæнынц. 1-æм скъолайы залмæ цæуынц бирæ адæм. Сæ къухты дидинджытæ, цырæгътæ, хъазæнтæ, сæйрагдæр та дон. Донмæ бæллыдысты сабитæ 3 боны дæргъы. Бирæтæ дзы сæ хиуæтты хуызистыты цур фæбадынц сахатгай… Æнæдзургæйæ, æдзæмæй. 3 боны скъолайы зылы хъуысдзæн саударæн музыкæ. Теракты амæттæгты чи фæмарди, уыдонæн ном æрымысыдысты Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, республикæйы Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз, парламенты депутаттæ, районты разамонджытæ.

Скъолайы ацыди саударæн аргъуыд. Сарæзты йæ Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг архиепископ Леонид.

Ам уыцы иу рæстæг фæмарди 334 адæймаджы. 186 дзы уыдысты сывæллæттæ. Константин Гришин у психолог, Калугæйæ. 2004-æм азы йæхицæн дзырд радта, Беслæнмæ кæй ссæудзæн, æмæ амынæты уæвæг адæмы цур кæй æрлæудзæн, уымæй. Константин уый æнхъæл нæ уыди, æмæ афтæ зын уыдзæнис. Йæ цæстытæ доны разилгæйæ зæгъы, уыцы сау бонтæн ферохгæнæн нæй. Беслæны 1-æм скъола Константин нымайы зæххы къорийы æппæтæй уæззаудæр бынатыл.

Кæд ныртæккæ уавæр хуымæтæг нæу, уæддæр адæм цæуынц скъоламæ дæр æмæ уæлмæрдмæ дæр. Саударæн мадзæлттæ цæудзысты цалдæр боны

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania