Уый тыххæй æрвылкъуырион аппаратон æмбырды фехъусын кодта вице-премьер Томайты Ирбек
160 уæзласæн машинæйæ фылдæр сæ радмæ æнхъæлмæ кæсынц Уæрæсе æмæ Гуырдзыйы хсæн арæнтыл, Цæгат Ирыстоны территорийыл. Цæстдарæн-уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы уылты къуыримæ ацыди транспорты 23 мин иуæджы. Уый тыххæй æрвылкъуырион аппаратон æмбырды фехъусын кодта вице-премьер Томайты Ирбек. Ныхас цыди скъолаты иумæйаг паддзахадон фæлварæнтыл дæр. Республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй фæлварæнтæ дæттыны сæйраг къæпхæны абон у кæронбæттæн бон. Æмбырды сæйраг темæтæй иу уыди Ирыстон Уæрæсеимæ баиуы 250 азы æмæ Уæрæсейы бон сбæрæг кæныны хъуыддаг. Мадзæлттæ ацæудзысты абон æмæ райсом. Фæлæ Мæздæджы сæрмагонд фæтк нырма ивд нæма рцыди. ДОСААФы дæр хæдтæхджыты куыст рæстæгмæ урæд æрцыди, æрæджыйы цауы тыххæй. Республикæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæ арвы тыгъдадыл цы тæха, уыдон цæудзысты æппæрст.




