филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:01 понедельник, 20 мая 2024
27 марта 2014, 17:10
17-æм мартъийы Севастополы райдыдта дунеон машинæтыл дугъ «Не стыр уæлахиз»

Арæзт у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 69 азы кадæн, стæй Украинæ, Белорусси æмæ Молдави фашисттæй куы суæгъд кодтой, уый 70 азмæ.

Æрджынарæджы комы сыл сæмбæлдысты хæсты ветерантæ, æхсæнадон организациты æмæ Кировы районы администрацийы минæвæрттæ.

17-æм мартъийы Севастополы райдыдта дунеон машинæтыл дугъ «Не стыр уæлахиз».

Арæзт у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 69 азы кадæн, стæй Украинæ, Белорусси æмæ Молдави фашисттæй куы суæгъд кодтой, уый 70 азмæ.

Æрджынарæджы комы сыл сæмбæлдысты хæсты ветерантæ, æхсæнадон организациты æмæ Кировы районы администрацийы минæвæрттæ. Се ппæт дæр дидинджытæ сæвæрдтой Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты цыртдзæвæныл, райтыдтой Уæлахизы тырыса. Митинджы фæстæ дугъгæнджытæ араст сты Хуссар Ирыстонмæ. Райсом та ногæй ссæудзысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ Дзæуджыхъæуы уыдзæн кадджын мадзал.

50 бонмæ дугъы архайджытæ бабæрæг кæндзысты Уæрæсейы æмæ хæдбар паддзахадты цæдисы 100 горæты.

9-æм майы та хъуамæ фæстæмæ аздæхой Севастопольмæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania