филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:05 воскресенье, 14 декабря 2025
03 января 2014, 11:18
18-æм декабры Францийы бæстæты промышленносты ассоциаци схорзæхджын кодта дунейы хуыздæр куыстуæттæ

Уæрæсейы номæй дзы архайдта агропромышленнон холдинг «Мастер-Прайм Березкæ»-йы директор Беккуызарты Ларисæ. Кадджын уавæры йын радтой ассоциацийы сæйраг хæрзиуæг «Наполеоны Майдан».

18-æм декабры Францийы бæстæты промышленносты ассоциаци схорзæхджын кодта дунейы хуыздæр куыстуæттæ.

Уæрæсейы номæй дзы архайдта агропромышленнон холдинг «Мастер-Прайм Березкæ»-йы директор Беккуызарты Ларисæ. Кадджын уавæры йын радтой ассоциацийы сæйраг хæрзиуæг «Наполеоны Майдан». Риуылдаргæ нысан конд у сызгъæрин æмæ æвзистæй Францы хуыздæр зæрингуырдты къухтæй. Наполеон æй снысан кодта 1801-æм азы. Абон цæгатирыстойнаг агропромышленнон холдинджы ис 1800 сæры стурвос. Беккуызарты Ларисæ куыд зæгъы, афтæмæй ма сæ размæ ис стыр нысантæ. Ацы хæрзиуæг та сын фадат ратдзæн ноджы стырдæр æнтыстдзинæдтæм цæуынæн.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania