филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:19 суббота, 28 сентября 2024
02 декабря 2020, 12:06
18 азы ахастоны фæбадын

Ахæм тæрхон Бæрæзгаты Романæн хаст æрцыд уголовон кодексы дыууæ статьямæ гæсгæ

18 азы ахастоны фæбадын. Ахæм тæрхон Бæрæзгаты Романæн хаст æрцыд уголовон кодексы дыууæ статьямæ гæсгæ. Азымджын æй кæнынц, æнæхъом чызджыты моралон æгъдауæй кæй хæлдта, уымæй. 2017-æм азы социалон хызæгты æнахъом 2 чызгмæ фыста æнаккаг фыстæджытæ, уыимæ сæм æрвыста къамтæ дæр. Уыцы фыстытæ федта сывæллæттæй иуы мад, æмæ йыл бахъаст кодта барадон оргæнтæм. Слестгæнджыты архайды фæрцы Бæрæзгаты Роман урæд æрцыд. Ацы хъуыддаг тæрхондоны æвæзрстой 2 азы. Ныр нæлгоймаг карз домæнты колонийы арвитдзæн 18 азы. Уый фæстæ та ма афæдз æмæ мбис сæрибарæй йæ бон æхсæнады архайын нæ уыдзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania