Уый тыххæй фехъусын кодтой барадхъахъхъæнæг оргæнты кусджытæ Хицауады цур ведомствæты хсæн къамисы æмбырды. Амыдта йæ хицауады сæрдары хæдивæг Таболты Сергей. Æмбырды архайджытæ куыд загътой, афтæмæй ацы къабазы кæнынц стыр профилактикон куыст, фæлæ ма сæм ис къуылымпыдзинæдтæ дæр.
цур
ведомствæты хсæн къамисы æмбырды. Амыдта йæ хицауады сæрдары хæдивæг
Таболты Сергей. Æмбырды архайджытæ куыд загътой, афтæмæй ацы къабазы
кæнынц стыр профилактикон куыст, фæлæ ма сæм ис къуылымпыдзинæдтæ дæр.
Къамисы уæнгтæ рахастой уынаффæ, сывæллæттæн ацы продукци кæм уæй
кæнынц, уыцы бынæттæ сбæлвырд кæныны тыххæй æппæт структурæты дæр иумæ
кусын. Æмбырды ма дзырдтой, йæхимæ йæ къух сисынмæ чи хъавы, уыцы
сывæллæтты тыххæй. Æрмæст ацы аз ахæм цаутæ уыдис 15. Авд сывæллоны дзы
баиргъæвын нал бантыст. Сæ фылдæр уыдысты æххæст бинонтæй. Къамисы
уæнгтæ куыд загътой, афтæмæй ныййарджытæ хъуамæ фылдæр æргом здахой сæ
сывæллæттæм. Уæлдайдæр та цы социалон сайтты вæййынц, уымæ.




