филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:07 вторник, 16 декабря 2025
13 марта 2014, 17:25
18 азы кæуыл нæма сæххæст, уыдоны фыдракæндтæ фæкъаддæр сты 30%

Ивгъуыд азы хатдзæгтыл æрдзырдтой Дзæуджыхъæуы. Æмбырды архайдтой республикæйы разамынды, министрадты, ведомствæты, ахуырадон системæйы æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ.

Ивгъуыд азы хатдзæгтыл æрдзырдтой Дзæуджыхъæуы. Æмбырды архайдтой республикæйы разамынды, министрадты, ведомствæты, ахуырадон системæйы æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Ныхас цыд сывæллæтты хъомыладыл, æмæ цы фыдракæдтæ саразынц, уыдоны ныхмæ профилактикæйыл. Мидхъуыддæгты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фарон профилактикон хыгъды сæвæрдтой 500 сывæллоны онг. Ахуырады æмæ наукæйы министры фыццаг хæдивæг Тотраты Владислав йæ доклады фæнысан кодта, республикæйы профилактикон куыст бæрзонд æмвæзадыл кæй ис, уый. Гом кæнынц сывæллæттæн хъазæн æмæ спортивон фæзтæ, фылдæр кæны патриотон клубты нымæц, арæзт цæуынц алыхуызон конкурстæ æмæ фестивальтæ. Фæлæ, цæмæй ацы куыст ахадгæдæр уа, уый тыххæй хъæуы ведомствæты *хсæн æмгуыстад хуыздæр кæнын.

Тотраты Владислав, РЦИ-Аланийы ахуырады æмæ наукæйы министры фыццаг хæдивæг: «Бирæ хорз хъуыддæгтæ цæуы æхсæнады, нæ ахуырады, фæлæ ма цæуыл бацархайæм, уый дæр ис. Уыцы фарстатыл æрныхас кодтам. Ныридæгæн зæгъæн ис, æмæ скъолаты цæуы бæлвырд, иттæг хорз хъомыладон куыст. Ахæмтæ дæр ма ис, æркæсын кæмæ хъæуы, цæмæй ма сывæллæттæм хуыздæр цæстдард цæуа».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania