10 апреля 2014, 17:05
18 азы кæуыл нæма цæуы, уыдоны хсæн фыдракæндтæ фарон, 2012-æм азимæ абаргæйæ, фæкъаддæр сты 30% бæрц
Уый тыххæй вæдомствæты `хсæн хицауадон къамисы æмбырды фехъусын кодта мидхъуыддгты министрады æнахъом сывæллæтты хъуыддæгты фæдыл хайады хицау Гаяна Петросова.
Уый тыххæй вæдомствæты `хсæн хицауадон къамисы æмбырды фехъусын кодта мидхъуыддгты министрады æнахъом сывæллæтты хъуыддæгты фæдыл хайады хицау Гаяна Петросова. Бæрæггæнæнтæ фæхуыздæр сты, æппæт цæстдарæг куыстуæттæ цы иумæйаг профилактикон куыст кæнынц, уый фæрцы. Фæлæ уыимæ ис бирæ лыггæнинаг фарстатæ дæр. Зæгъæм, фæсивæды `хсæн ис ахæмтæ, карз нозтæй, стæй наркотиктæй чи пайда кæны. Сæрмагондæй æрдзырдтой, уынгты кæй сарæх сты, æхца чи куры, ахæм сывæллæттæ. Сæ фылдæр сты цигантæ, æмæ сæ уымæ гæсгæ сбæлвырд кæнын зын вæййы. Ацы фарста алыг кæныны тыххæй бакусын хъæуы иумæйагæй, фæнысан кодтой къамисы уæнгтæ.
темæмæ гæсгæ




