филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:27 суббота, 31 января 2026
08 ноября 2023, 13:32
186 æрыгон педагогы райдыдтой кусын скъолаты ацы аз

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ

186 æрыгон педагогы райдыдтой кусын скъолаты ацы аз. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ. Радзырдта, бындурон цалцæгмæ рады кæй лæууы 51 ахуыргæнæндоны. Ныхас ма цыд æнæниздзинадхъахъхъæнынады системæйыл дæр. Вице-премьер Александр Реутовы ныхæстæм гæсгæ, районтæ фельдшерон-акушерон пункттæй æмæ афтектæй æххæст кæнын у фыццаградондæр фарстатæй иу. Афтæ Мæздæджы районы байгом уыдзæн 3 ФАП-ы. Сергей Меняйло ма иу хатт барадхъахъхъæнæн оргæнты ргом аздæхта, интернеты æдасдзинад æххæст кæнын кæй хъæуы, уыцы фарстамæ. Ныхас ма цыд, къуырисæры Дзæуджыхъæуы районтæй иу æнæ электрон тыхæй кæй баззад, ууыл. Ахæм уавæр сæвзæрд, трансформатор кæй фехæлд, уый аххосæй. Сергей Меняйло фæсидт бæрнон ведомствæтæм, цæмæй цæрджытæн æвæстиатæй хъусын кæной цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады авариты аххосæгты тыххæй. Бузныг загъта профилон службæтæн, уавæрыл тагъд кæй бакуыстой, уый тыххæй.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania