филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:16 суббота, 21 сентября 2024
16 ноября 2012, 16:25
1942 азы Кавказы хæстыты æппæтæй карздæр тох цыд Джызæлы бынмæ

Ам 9 ноябры дæнцæгæн хæссинаг æмæ æнустæм цæргæйæ чи баззад, ахæм хъæбатырдзинад равдыста Петр Барбашов. Уый йæ риуæй сæхгæдта знаджы амбразурæ. Йæхиуыл нæ хъуыды кæнгæйæ, дæрæн кодта фашистты, тырныдта Уæлахизмæ.

Ам 9 ноябры дæнцæгæн хæссинаг æмæ
æнустæм цæргæйæ чи баззад, ахæм хъæбатырдзинад равдыста Петр Барбашов.
Уый йæ риуæй сæхгæдта знаджы амбразурæ. Йæхиуыл нæ хъуыды

кæнгæйæ, дæрæн кодта фашистты, тырныдта Уæлахизмæ. Джызæлы бынмæ тохы
фæмард сты сæдæгай Советон салдаты. Абон сæ æфсымæрон ингæнмæ æмæ Петр
Барбашовы цыртдзæвæнмæ æрбацыд бирæ адæм. Республикæйы Хицауады сæрдары
хæдивæг Таболты Сергæй, ахуырад æмæ наукæйы министр Огъуаты Алан,
ветерантæ, скъоладзаутæ, æхсæнадон архайджытæ. Иууылдæр дидинджытæ
сæвæрдтой сæ номыл цыртдзæвæнтыл, ссардтой сын сæ ном, æрхъуыды сын
кодтой сæ хъæбатырдзинад.

Кавказы бынмæ уæлахизы кадæн Плиты
Иссæйы цыртдзæвæны цур дæр ацыд кадджын мадзал. Хицауады уæнгтæ,
Дзæуджыхъæуы администрацийы æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ,
ветерантæ, фæсивæд, скъоладзаутæ – иууылдæр сæ хæсыл банымадтой уыцы
хæстон цаутæ æрымысын, æрхъуыды кæнын хæсты хъайтарты….

Уæлдай зæрдæмæдзæугæдæр хъуыддагыл та
банымайæн ис уый, æмæ ахæм фембæлдтыты алы фæлтæртæ кæрæдзимæ хæстæгдæр
кæй кæнынц. Афтæ ныр дæр ветерантæ кæстæртæн радзырдтой сæ мысинæгтæ.
Уыдон та сæм хъуыстой тынг лæмбынæгæй.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania