филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:59 суббота, 21 сентября 2024
03 июля 2014, 17:20
1975-æм азы Цæгат Ирыстоны Алагиры æмæ Цъæйы комы хсæн æвæрд æрцыд Æфсатийы фондз метры дæргъæн скульптурæ

Уый у Ирыстоны кадджындæр дзуæрттæй иу. Нымад у хъæддаг цæрæгойтыл æмæ æрдзыл аудæг дзуарыл. Фæлæ йыл æрдз йæхæдæг нæ ауæрды æмæ цыппор азмæ цырдзæвæн йæ раздæры хуыз аивта. Хъæуы йæм бындуронæй базилын. Скульптурæйы автор у Уæрæсейы адæмон нывгæнæг Дзбойты Михал. Куыд зæгъы, афтæмæй цыртдзæвæнмæ базилыны тыххæй курдиат балæвæрдта бæрнон куыстуæттæм.

73258
1975-æм азы Цæгат Ирыстоны Алагиры æмæ Цъæйы комы хсæн æвæрд æрцыд Æфсатийы фондз метры дæргъæн скульптурæ. Уый у Ирыстоны кадджындæр дзуæрттæй иу. Нымад у хъæддаг цæрæгойтыл æмæ æрдзыл аудæг дзуарыл. Фæлæ йыл æрдз йæхæдæг нæ ауæрды æмæ цыппор азмæ цырдзæвæн йæ раздæры хуыз аивта. Хъæуы йæм бындуронæй базилын. Скульптурæйы автор у Уæрæсейы адæмон нывгæнæг Дзбойты Михал. Куыд зæгъы, афтæмæй цыртдзæвæнмæ базилыны тыххæй курдиат балæвæрдта бæрнон куыстуæттæм. 
Уæрæсейы адæмон нывгæнæг Дзбойты Михал арæх æрхъуыды кæны, Суриковы номыл мæскуыйаг аивадон академийы студент уæвгæйæ Æфсатийы цыртдзæвæн скæныны фæнд куыд скодта, уый. Уæд расидтысты конкурс, цымыдисаг персонажы сурæт скæныны тыххæй. Æмæ дзы алкæйы дæр архайын фæндыд.
Дзбойты Михал, УФ-йы адæмон нывгæнæг: «Æз нарты кадджытæ бакастæн, æмæ мæм фæкаст Æфсати социалон хъайтар кæй у. Ауды цæрæгойтыл, æххуыс кæны мæгуыртæн, хъахъхъæны æрдз. Æз эскиз куы скодтон, уæд æй мæ ахуыргæнæгмæ равдыстон. Йæ зæрдæмæ фæцыд æмæ загъта, куы нæ йæ скæнон, уæд мæ йæ ахуыргæнинагæй нал схондзæн, зæгъгæ».
Æрыгон скульптор йæ номдзыд ахуыргæнæгмæ байхъуыста. Мæскуыйæ Алагиры районмæ сласта Æфсатийы макет. Цæгатирыстойнæгты зæрдæмæ уый тынг фæцыд. Æмæ иууылдæр бацархайдтой, цæмæй скульптурæ рæсугъд æрдзы бынаты фæзына, ууыл. Афтæмæй Æфсатийы фондз метры дæргъæн скульптурæ æвæрд æрцыд Алагиры æмæ Цъæйы комы хсæн 1975-æм азы. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы дзуар у Ирыстоны кадджындæртæй иу. Æфсаты у хъæддаг цæрæгойтыл æмæ æрдзыл аудæг. Фæлæ йын йæ цыртдзæвæныл æрдз нæ бацауæрзта, æмæ 40 азмæ йæ хуыз æвзæрырдæм аивта. Дзбойты Михал дзуры, скульптурæйæ къардиуы хсæн уыдис æрмæстдæр 3 метры. Фæлæ арæх уарынтæ кæй вæййы, уымæ гæсгæ скульптурæйы иу хайæн æркæлынæй тæссаг у. Ныр дзы хъæуы быцæугæнæн къул саразын. Æнæхъæнæй дæр цыртдзæвæн у базилинаг. Дзбойты Михалы ныхæстæм гæсгæ бирæ хæттыты курдиат балæвæрдта алыхуызон бæрнон куыстуæттæм. 
Дзбойты Михал, УФ-йы адæмон нывгæнæг: «Бацыдтæн æрдз æмæ культурон объекттæ хъахъхъæныны комитетмæ. Уæд дзы сæрдар уыди Токаты Эрик. Зæрдæ мын бавæрдта баххуыс кæнынæй, фæлæ, хъыгагæн, йæ цардæй æмгъуыдæй раздæр ахицæн. Ныр та мæм хорз цæстæй ракаст, йæ бæсты чи кусы, уыцы адæймаг Сæлбиты Валерий».
Æрдз хъахъхъæныны æмæ культурон бынтæй пайда кæныны республикон комитеты цæттæ сты Æфсатийы скульптурæмæ базилынмæ. Фæлæ зындзинад уый у, æмæ цыртдзæвæн никæй бæрны ис. Уымæ гæсгæ йæ комитетæн дæр йæхи балансмæ райсыны бон нæу. 
Æгайты Эммæ, æрдз хъахъхъæныны æмæ культурон объектты комитеты специалист: «Нæ республикæйы ис сæдæгай архитектурон цыртдзæвæны. Бирæтæ дзы кæй бæрны сты, уый бæрæг нæу. Фæлæ ууыл кусын хъæуы. Ацы хъуыддаджы дæр афтæ. Æфсатийы цыртдзæвæн мах бæрны нæй. Регистрацигонд никуы ис». 
Цъæйы комы фидауц бахъахъхъæнын бантысдзæн спонсорты фæрцы, зæгъынц комитеты. Скульптор Дзбойты Михалы хъуыдымæ гæсгæ та фаг фæрæзтæ куы уа, уæд Æфсатийæн йæ раздæры хуыз раздахæн уыдзæн мæйы мгъуыдмæ. 
 
Фидараты Маринæ
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania