16 декабря 2013, 16:57
Æфсæддон-Гуырдзиаг фæндаг абон райсомæй байгом
«Уæллаг Ларсы» уадзæн пунктыл 13-æм декабры машинæты цыд фæкъаддæр æвзæр æрдзон уавæрты аххосæй. Ауылты нæ уагътой стыр уæзласæн машинæтæ, стæй 30 бæлццонæй фылдæр кæм цæуы, ахæм автобустæ.
Æфсæддон-Гуырдзиаг фæндаг абон райсомæй байгом. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм,
«Уæллаг Ларсы» уадзæн пунктыл 13-æм декабры машинæты цыд фæкъаддæр æвзæр æрдзон уавæрты аххосæй. Ауылты нæ уагътой стыр уæзласæн машинæтæ, стæй 30 бæлццонæй фылдæр кæм цæуы, ахæм автобустæ. Республикæйы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ, горæты администрациимæ иумæ бынаты сарæзтой хъармгæнæн пункт. Фæндагыл чи баззад, уыцы бæлцæттæн сарæзтой æппæт уавæртæ дæр.

темæмæ гæсгæ