26 апреля 2018, 12:20
Æфсæддон-патриотон музей «Барбашовы фæз»-ы арæзтад фæхæццæ кæны кæронмæ
Арвы бын музей байгом уыдзæнис цыппæрæм майы, Уæлахизы бæрæгбоны агъоммæ.
Æфсæддон-патриотон музей «Барбашовы фæз»-ы арæзтад фæхæццæ кæны кæронмæ. Арвы бын музей байгом уыдзæнис цыппæрæм майы, Уæлахизы бæрæгбоны агъоммæ. Арæзтадон куыстытæ цыдысты афæдзы дæргъы. Кусджытæ пайда кодтой архивон æрмæджытæй. Барбашовы цыртдзæвæны цур сарæзтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты техникæйы экспозици. Ам ма арæзт цæуы Намысы Аллейæ. Уым сæнусон кæндзысты Советон Цæдисы 79 хъæбатæры нæмттæ. Сты Ирыстоны хъæбултæ. Экспонатты диссагдæр у Уæлахизы парады Берлины чи архайдта, уыцы танк. Куыстытæм йæ цæст дары мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков. Моргуаты Ладæ радзурдзæн бæлвырддæр.
Ирыстоны иунæг хатт чи уыд, уый дæр æнæмæнг зонгæ у ацы цыртдзæвæнимæ. Ам Дзæуджыхъæуы бынмæ 1942-æм азы, фашисттимæ тохы, мысанмæ хсæн 4-æм пъолчы командæгæнæг Петр Барбашов йæ буарæй сæхгæдта знаджы амбрадзура. Ныртæккæ цалдæр гектары фæзуатыл арæзт цæуы мемориалон комплекс. Бацæуæны уыдзæн Намысы Аллея. Ам фыст æрцæудзысты Цæгат Ирыстонæй рацæуæг 79 хъæбатырты нæмттæ.
Цымыдисаг уыдзæн дзот-музей дæр. Мидæгæй нырма цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ, фæлæ дзы тагъд равæрдзысты экспозици. Мемориалы астæу та – хæстон азты техникæ.
Бирæ азты дæргъы техникæ базæронд, систы æзгæ, фæлæ Кæсæг-Балхъары специалистты фæстæ сармадзантæ систы ногты хуызæн.
Мемориалы ис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг немыцаг танкты размæ чи нæ уагъта, ахæм техникæ. Æхсгæ нæ кæнынц, фæлæ дзы алкæмæн дæр йæ бон у хи бафæлварын. Реконструкци цæуы республикæйы мидхъуыддæгты министрады хъæппæрисæй. Куыстытæм йæ цæст дары министр Михаил Скоков йæхæдæг.
Куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Хъæуы нæ бæстæйы сæйраг бæрæгбонмæ фæуын, рæстæг та бирæ нал баззад.
темæмæ гæсгæ




