филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:18 вторник, 16 декабря 2025
06 марта 2014, 11:03
Æфсæнвæндаггон транспорты фыдбылызты фæстиуджытæ ауварс кæныны егъау ахуыртæ уыдысты Беслæны

Сарæзта сæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрад. Ирвæзынгæнджытæ пайда кодтой, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм техникæйæ, стæй Уæрæсейы æфсæнвæндæгты

Æфсæнвæндаггон транспорты фыдбылызты фæстиуджытæ ауварс кæныны егъау ахуыртæ уыдысты Беслæны
Сарæзта сæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрад.  Ирвæзынгæнджытæ пайда кодтой, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм техникæйæ, стæй Уæрæсейы æфсæнвæндæгты зынгсирвæзтыты поездæй. Уый ифтонггонд у хъæугæ кусæнгæрзтæй æмæ дзы спайда кæнынц фыдбылызтæ иуварс кæныны рæстæг. Ахуырты таурæгъмæ гæсгæ ссыгъди артаджы цистернæ. Арт апарахат ис æппæт вагæттыл. Поезды машинист æмæ йе ххуысгæнджытæ, чи ссыгъди, уыцы цистернæтæ поездæй фæхицæн кодтой. Станцæмæ æвæстиатæй æрбацыдысты Рахизфарсы районы зынгхуыссынгæнæн гарнизоны кусджытæ. Уыдонæн æххуысмæ æрбацыдысты Дзæуджыхъæуы зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хайады æмæ Æрыдоны ирвæзынгæнджытæ. Скодтой æппæт хъæугæ æдасдзинады мадзæлттæ. Ахуырты ма архайдтой бынæттон администрацийы специалисттæ, дохтыртæ, пъæлицæйæгтæ, газдæттæг службæйы кусджытæ æмæ æндæр бæрнон адæм. Æдæппæтæй дзы архайдтой 64 адæймаджы æмæ техникæйы 31 иуæджы. Ахуыртæ куыд ацыдысты, уымæй сæ разамынд баззад разыйæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania