филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:57 пятница, 17 мая 2024
19 апреля 2013, 14:28
Æфсадмæ сидыны уалдзыгон кампанийы рæстæг Уæрæсейы гæрзифтонг рæнхъытæм арвитдзысты 500 лæппуйæ фылдæр

Абон Дзæуджыхъæуы Уæлахизы Стелæйы цурæй кадджын уавæры афæндараст кодтой фыццаг 10 сидтоны. Се ‘фсæддон хæс æххæст кæндзысты Цæгат Кавказы æфсæддон хайæдты.

Абон Дзæуджыхъæуы Уæлахизы Стелæйы цурæй кадджын уавæры афæндараст кодтой фыццаг 10 сидтоны. Се ‘фсæддон хæс æххæст кæндзысты Цæгат Кавказы æфсæддон хайæдты. Кадджын мадзалмæ æрбацыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ, бынæттон быцæуты архайджытæ, 58-æм æфсады разамонджытæ, горæты администрацийы, скъоладзаутæ, æфсæддон куыстуæтты, æхсæнадон организациты уæнгтæ æмæ сæ ныййарджытæ. Уыдон раарфæ кодтой суинаг салдæттæн, сæ номыл арæзт æрцыд концерт.

Гайты Хетæг, сидтон: «Мæхæдæг æрбацыдтæн æфсæддон комисарадмæ, бацыдтæн хицаумæ æмæ йын загътон; «Мæнæ мæ фæнды æфсадмæ». Æмæ ацыдтæн дохтыртæм, æрæмбырд кодтон мæ гæххæттытæ æмæ абон ам дæн. Тынг æхсызгон мын у, абон нæ афтæ рæсугъд æмæ хъæлдзæгæй кæй æрвитынц, уый. Лæппуты номæй дæр зæгъдзынæн бузныг».

Бедойты Руслан, Уæрæсейы ДОСААФ-ы сæрдары уынаффæгæнæг: «Нæ фæсивæд цæуынц æфсадмæ сæрыстырæй æмæ æмбарынц, ома сын кад кæнынц, æгъдау кæнынц æмæ сæ службæйæ архайынц, цæмæй сæ бинонты, сæ Ирыстоны кад æмæ намыс дæлдæр нæ фæкæной, уый тыххæй».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania