Сочийы Олимпаг хъæзтытæм цæттæгæнгæйæ, Олимпаг арты эстафетæ уыд Уæрæсейы 136 горæты. Се хсæн Дзæуджыхъæу æмæ Владивосток дæр. Зæгъæн ис, æмæ ма æфсымæрон горæтты
Æрвылбон 5 км дугъ… Ныр бирæ азты Пагæты Алыксандрæн спорт у уарзон æмæ æхсызгон. Афтæмæй улæфгæ дæр кæны, йе нæниздзинад дæр хуыздæр кæны. Кæд ыл 89 азы цæуы, уæддæр ныридæгæн атахт 73 км, йæ размæ та сæвæрдта хæс атæхын 75 км. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, Джызæйлаг лæппу Алыксандр 43-æм азы бахауд фронтмæ. Хæцыд Ленинграды. Цы хъизæмæртты сæрты ахызтысты, уый ныр дæр ма нæ рох кæны. Рох не сты абоны кæстæртæй дæр. Ветеранты лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад хъуыдыгæнгæйæ, ветерантæн кад скодтой æмæ сын радтой Олимпаг арт хæссыны бар. Владивосточы ветерантæй Пагæты Алыксандр уыд иунæг, Олимпаг арт хæссыны кады аккаг чи сси.
Бæтæгаты Таймураз, Дзæуджыхъæуы администрацийы Æхсæнадон Советы уæнг: «Æвæццæгæн, йæ лæгдзинад æмæ йе сгуыхтдзинæдтæ афтæ бирæ æмæ хорз сты æмæ йын сæ абон дæр нæ рох кæнынц. Уæдæ нымад адæймаг кæй у, уый дæр бæрæг у. Дзæуджыхъуы Лекъты Мурат дæр нымад æмæ кадджын лæг у. Махмæ Ирыстоны бирæ чемпионтæ ис. Æмæ мæнмæ гæсгæ семæ иумæ ветерантæн Олимпаг арт хæссыны бар кæй радтой, уый ноджы тынгдæр барæсугъд кодта ацы бæрæгбон».
Пагæты Алыксандр бирæ азты цæры Владивосточы. Ацы бонты та ссыд Дзæуджыхъæумæ. Фембæлд Лекъты Муратимæ æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы Æхсæнадон Советы уæнгтимæ. Се хсæн рауад цымыдисаг ныхас.
Хъайтыхъты Тамарæ, Дзæуджыхъæуы администрацийы æхсæнадимæ бастдзинады хайады разамонæг: «Царды ис цавæрдæн символтæ. Размæ нæ чи кæны, ахæм хъуыддæгтæ. Кæй бафæзмæм, ахæм адæймæгтæ. Мæнмæ гæсгæ сты тынг ахсджиаг. Уымæй уæлдай ма мах стæм Уæрæсейы хуссар хайы цæрджытæ, Пагæты Алыксандр та цæры хурыскæсæны. Æмæ дыууæ горæты Олимпаг арт кæй баиу кодта, уый дæр у символикон æмæ ахсджиаг».
Пагæты Алыксандры ныхæстæм гæсгæ, горæты хуыздæрырдæм æрцыд бирæ ивддзинæдтæ. Фæаивдæр сты уынгтæ, доны былгæрæттæ… Уæлдай тынгдæр та бацин кодта, горæты цæрджытæ спортмæ æмхиц кæй сты, уыимæ сын æппæт фадæттæ арæзт кæй цæуынц, ууыл. Куыд загъта, афтæмæй Ирыстонæй рацыд бирæ чемпионтæ. Ныртæккæ республикæйы зымæгон спорты хуызтæм фылдæр æргом кæй аздæхтой, уый дæр ныфс дæтты фидæны нæм Зымæгон Олимпаг хъæзтыты чемпионтæ кæй фæзындзæн, уый. Ныр та уал ирыстойнаг фæсивæд кæй бафæзмой, уый ис.
Зыхъуаты Жаннæ




