филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:05 понедельник, 15 декабря 2025
24 февраля 2016, 18:12
Æгъуызарты Тамерланы бинонтæ бузныг сты республикæйы цæрджытæй, зын сахат сæ фарсмæ кæй æрбалæууыдысты, уый тыххæй

Уый та ууыл дзурæг у æмæ Ирыстоны рæзтæн цы фæндаг равзæрста, уый адæмы зæрдæмæ фæцы. Йæ куыст, йæ архайд, йæ домæнтæ – фæндаг ссардтой адæмы зæрдæтæм.

61056
Æгъуызарты Тамерланы бинонтæ бузныг сты республикæйы цæрджытæй зын сахат сæ фарсмæ кæй æрбалæууыдысты, уый тыххæй. Фæстаг «фæндараст» зæгъынмæ йæм æрбацыдысты дæсгай мин адæймæгтæ. Уый та ууыл дзурæг у æмæ Ирыстоны рæзтæн цы фæндаг равзæрста, уый адæмы зæрдæмæ фæцы. Йæ куыст, йæ архайд, йæ домæнтæ – фæндаг ссардтой адæмы зæрдæтæм. Уæвгæ, цы зындзинæдтимæ æмбæлдзæн, уыдон Тамерланæн æнæзонгæ нæ уыдысты. Фæлæ дзы кæддæриддæр уыд ныфс йæ уарзон æмзæххонтæ йæ фарсмæ кæй æрбалæудзысты, уымæй. Адæмыл хъуыдыгæнгæйæ арæзта йæ куыст. Тырныдта сæ цард сын фæхуыздæр æмæ фенцондæр кæнын. «Ирыстоны цæрджытæ се ппæтæн дæр бузныг» – зæгъынц Æгъуызарты Тамерланы бинонтæ. «Уырны нæ Тамерлан нын цы ныфс радта, уый нын йæ фæндаг дарддæр рæсугъдæй ахæццæ кæнынæн тых кæй радтдзæн, уый. Уæ алкæй хæдзары та уæд цин æмæ фарн». Загъд ис Æгъуызарты бинонтæ нæм цы фыстæг æрбарвыстой, уым.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania