филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:54 понедельник, 23 июня 2025
09 октября 2012, 10:50
Æхсæн пейнтболæй Дыгуыры районы арæзт æрцыд турнир бынæттон лæппуты

Раст бынат æрцахсын æмæ хæцæнгарзæй мысанмæ æхсын. Ахæм æууæлтæй хъуамæ хæст уа, пейнтболæй чи хъазы, уыцы адæймаг. Уый адде ма командæйы уæнгтæ хъуамæ хорз æмбарой кæрæдзийы. Дыгуыры районы арæзт æрцыд турнир бынæттон лæппуты æхсæн пейнтболæй.

Раст бынат æрцахсын æмæ хæцæнгарзæй
мысанмæ æхсын. Ахæм æууæлтæй хъуамæ хæст уа, пейнтболæй чи хъазы, уыцы
адæймаг. Уый адде ма командæйы уæнгтæ хъуамæ хорз æмбарой кæрæдзийы. Дыгуыры районы арæзт æрцыд турнир бынæттон лæппуты æхсæн пейнтболæй.

Дыгуыры районы турнир пейнтболæй дыккаг
хатт арæзт æрцыд. Фыццаджы архайдтой республикæйы районтæй, уæд
рамбылдта Дзæуджыхъæуы командæ. Ныры ерыстæ та арæзт æрцыдысты дыгуыры
районы лæппуты æхсæн. Бесолты Сергей пендболæй фыццаг хатт нæ хъаздзæн.

Бесолты Сергей, Турниры архайæг:
«Елбайты Аслан æмбырд кæны фæсивæд æмæ сæ кæрдзиуыл бæтты. Æз
зæгъдзынæн, афтæ æмæ нæ районы ацы хъуыддагæн бындур æвæрæг у Елбайты
Аслан».

Турниры архайдтой 18 азæй фылдæр кæуыл
цæуы ахæм лæппутæ. Иуæй-иутæ хæцæнгарз сæ къуыхтæм фыццаг хатт райстой.
Уымæ гæсгæ турнир аразджытæ бæстонæй радзырдтой хъазты хи дарын куыд
хъæуы уый. 8 командæйы æхсæн тæрхонгæнджытæ хъуамæ равзарой хуыздæрты.
Хъазты мидис та у, цæмæй 2 командæйы лæппутæ 10 минутмæ бацахсой амынд
бæстыхай, ахорæн кæуыл ауайы уый та нымад у мардыл æмæ хъазтæй рацæуы.
Цыбыр ныхасæй лæппутæ сæхи æнкъардтой æцæг тохы быдыры.

Мæрзойты Хъазыбег, Дыгуры районы
сæргълæууæг: «Иумæ сахуыр стæм, иу залы тренировкæтæ кæнæм æмæ уый
тыххæй рамбылдтам 1-аг тох. Дарддæр дæр архайдзыстæм, цæмæй кæронбæттæн
хъазтмæ рацæуæм».

Турнир пейнтболæй арæзт æрцыд
республикæйы хицауады сæрдар Такъоты Сергейы хъæппæрисæй. Лæппутæн
раарфæ кодта Дыгуры районы администрацийы сæргълæууæг Мæрзойты Хъазыбег.

Мæрзойты Хъазыбег, Дыгуры районы
сæргълæууæг: «Фæсивæд рас фæндагыл куы лæууой, уæд æвзæр митæм дæр сæ не
вдæлдзæн. Мах та кæддæриддæр уыдзыстæм кæстæрты фарс. 1, 2, 3 бынæттæм
чи рацæуа, уыдонæн та администрации скæндзæн лæвæрдтæ».

Ацы хъазты æмбулы хæцæнгарз райсгæйæ
канд æхсгæ нæ, фæлæ ма бынаты арæхсджындæр чи у, хъуыды чи кæны ахæм
командæ. Ацы хатт растдæр уыдысты уæгъдибар хъæбысæйхæцджыты командæ,
ныр сын фадат ис республикон турниры сæ тыхтæ бавзарын.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania