12 марта 2018, 12:00
Æхсæнадон цæстдарджыты хæс у 18-æм мартъийы, Уæрæсейы Президенты æвзæрстыты рæстæг æркæсын, куыст æргом æмæ закъонмæ гæсгæ арæзт куыд æрцæуа, уым
Афтæ фехъусын кодта æхсæнадон организаци «Граждайнаг цæстдарды» æмсæрдар Александр Брод. Кусæг балцы ссыд Цæгат Ирыстонмæ.
Æхсæнадон цæстдарджыты хæс у 18-æм мартъийы, Уæрæсейы Президенты æвзæрстыты рæстæг æркæсын, куыст æргом æмæ закъонмæ гæсгæ арæзт куыд æрцæуа, уымæ.
Афтæ фехъусын кодта æхсæнадон организаци «Граждайнаг цæстдарды» æмсæрдар Александр Брод. Кусæг балцы ссыд Цæгат Ирыстонмæ. Æркасти æхсæнадон цæстдарджыты куысты уавæртæм. Стыр æргом здæхт цæудзæн æвзарджыты бартæ хъахъхъæнынмæ. Александр Брод бабæрæг кодта цалдæр æвзарæн хайады. Федта бæстыхæйттæ, стæй, æвзарæн къамисты уæнгтæ бюллеттеньтæ æмæ хъæлæстæ кæм нымайдзысты, уыцы бынæттæ. Æвзæрстытæм цæттæдзинад, æмтгæй райсгæйæ, цæуы фæткмæ гæсгæ. Уый тыххæй æхсæнадон организаци «Граждайнаг цæстдарды» æмсæрдар фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны Æхсæнадон палатæйы æмбырды. Нæ республикæйы 18-æм мартъийы кусдзæн 347 æвзарæн къамисы. Уымæй дарддæр ма 25 рæстæгмæ территориалон къамисы дæр. Мониторинджы тыххæй æхсæнадон палатæ бацæттæ кодта 700 цæстдарæджы. «Граждайнаг цæстдарды» организаци ма нæ республикæмæ æрбарвитдзæн æртæ эксперты. Александр Брод загъта, уый баст у, цæмæй провокацитæ æмæ мæнг хабæрттæ не руадзой, уый тыххæй. Хъуамæ нæ бæстæйы Президенты æвзæрстытæ арæзт æрцæуой, куыд æмбæлы, афтæ.
темæмæ гæсгæ




