23 марта 2018, 16:00
Æхсæнадон змæлд «Æппæтуæрæсеон Адæмон фронт» æххæст кæны социалон проект «Генаральная уборка»
Ныронг 46 бырондонæй ссыгъдæг кодтой 25. Иннæты цæуы куыст. Уыдонæй иу у Ногиры цур фæзуат.
Æхсæнадон змæлд «Æппæтуæрæсеон Адæмон фронт» æххæст кæны социалон проект «Генаральная уборка». Ныронг 46 бырондонæй ссыгъдæг кодтой 25. Иннæты цæуы куыст. Уыдонæй иу у Ногиры цур фæзуат. Куыд кусынц ам сыгъдæгдзинады фарстайыл, æмæ ма кæм хъæуы бырондæттæ ныссыгъдæг кæнын, уый тыххæй балвырддæр радзурдзæн Моргуаты Ладæ.
Ацы быдыры сывæллæттæ сæхи нæ аирхæфсдзысты, алфамбылай дзаг у бырæттæй. Æмæ уый Ногиры астæу. Фæлæ, хъыгагæн, ахæм бынæттæ ма хъæуы ис 3. Уыдонæй бæрæг дары Суанты-фырты уынджы цы бырондон ис уый, йæ рæзты цæуынц адæм. Æхсæнадон змæлд «Æппæтуæрæсеон Адæмон фронт»-ы уæнгтæ сæ цæст дарынц ацы фарстамæ. Сæ проект «Генеральная уборка» царды æххстгонд цæуы фаронæй фæстæмæ, æмæ у ахадгæ. Ныртæккæ сæ картæмæ бахастой 46 объекты, уыдонæй 25 сыгъдæггонд æрцыдысты, 21-ы та кусынц. Æмæ уыдонæй иу у Ногиры бырондон дæр. Кæд фæзуат хауы хъахъхъæдгонд бынатмæ, уæддæр æнæхъæнæй у бырæтты бын.
Хъæуы администраци дæр йæ цæст дары ацы фарстамæ. Æмбæлгæ ныхас алфамбылай æмæ æрдз хъахъхъæныныны тыххæй арæзт цæуы скъолаты æмæ рæвдауæндæтты. Уынгты фæцæуы бырæттæмбырдгæнæн сæрмагонд техникæ дæр, фæлæ фаг нæ вæййы. Æмæ та бырондæтты обæуттæ цыбыр рæстæгмæ сырæзынц.
Алыварсы чъизидзинад канд Ногирмæ нæ хауы. Республикæйы æппæт хъæуты дæр тыхсын кæны. Стыр бырондæттæ сæвзæрд Фарныхъæуы æмæ Къостайы хсæн, Зæронд æмæ Ног Бæтæхъойы хъæу, Зилгæ, Майрæмадаг, Дзуарыхъæуы. Ам дæр æхсæнадон змæлд «Адæмон фронт» бакусдзæн, фæлæ адæм сæхæдæг хъуамæ бамбарой: «Чьизи уым нæу, æфснайгæ кæм кæнынц, фæлæ бырон кæм нæ калынц».

Моргуаты Ладæ
темæмæ гæсгæ