филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:30 четверг, 02 мая 2024
05 марта 2013, 13:36
Æхсæнады æппæтæй фæкæсынхъуагдæр сты сидзæртæ

Æхсæнады æппæтæй фæкæсынхъуагдæр сты сидзæртæ. Уымæ гæсгæ сæ ныхмæ иунæг фыдракæнд дæр хъуамæ æнæ æфхæрдæй ма баззайа, – зæгъынц Цæгат Ирыстоны слестгæнæн комитеты. Уæлдай цæстдард хъуамæ уа, сывæллæтты хæдзæртты чи хъомыл кæны, уыцы сабитæм.

Æхсæнады æппæтæй фæкæсынхъуагдæр сты сидзæртæ. Уымæ гæсгæ сæ ныхмæ иунæг фыдракæнд дæр хъуамæ æнæ æфхæрдæй ма баззайа, – зæгъынц Цæгат Ирыстоны слестгæнæн комитеты.

Уæлдай цæстдард хъуамæ уа, сывæллæтты хæдзæртты чи хъомыл кæны, уыцы сабитæм. Ведомствæйы кусджытæ сæм сæ цæст рагæй дарынц æмæ сын сæ тыхст фарстатæ хорз зонынц. Уымæ гæсгæ сын сæ зæрды ис баххуыс кæнын.

РЦИ-Аланийы слестгæнæн комитеты уæнгтæ бабæрæг кодтой республикæйы сывæллæтты хæдзæрттæ. Райдыдтой уал Мæздæджы сывæллæтты хæдзарæй. Сæ бæстыхай у бындурон цалцæггæнинаг, бирæ хæс дарыц коммуналон лæггæттæн. Ныртæккæ та ма сæ дæр фарстатæй иу у – цæмæй сывæллæтты хæдзарæн ныууадзой медицинон службæ. Слестгæнæн комитеты уæнгтæ зæрдæ бавæрдтой, кæй сын баххуыс кæндзысты, уымæй.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania