18 апреля 2014, 11:19
Æмдзæвгæтæ кæсджыты конкурс арæзт æрцыд Дыгуры районы библиотекæйы
Сфæлдыстадон ерысы архайдта 30 сывæллонæй фылдæр – сывæллæтты рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæ æмæ скъоладзаутæ. Æмдзæвгæтæ кастысты дыгуронау. Конкурс цымыдисаг уыдис,

Сфæлдыстадон ерысы архайдта 30 сывæллонæй фылдæр – сывæллæтты рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæ æмæ скъоладзаутæ. Æмдзæвгæтæ кастысты дыгуронау. Конкурс цымыдисаг уыдис, йæ архайджытæ алыхуызон адæмыхæттыты минæвæрттæ кæй уыдысты, уымæй. Сфæлдыстадон ерыс арæзт æрцыд Дигорайы минæвæртты æмбырды хъæппæрисæй. Йæ хатдзæгтæм гæсгæ майдантæ æмæ кады гæххæттытæ райстой се `ппæт дæр. Ахæм конкурс арæзт æрцыд фыццаг хатт, фæлæ нырæй фæстæмæ суыдзæн иудадзыгон.
Бæгæмæтты Наталья, жюрийы уæнг: «Алкæмæндæр йæ хæс у, кæй зæххыл цæры, уыцы адæмæн хъуамæ се `гъдæуттæ зоной, се `взаг. Уæд æмбардзысты, цы адæмы `хсæн цæрынц, уый. Ацы конкурс ма хъуы, уымæнæмæ адæмы иудзинадыл архайы. Цæмæй лымæнæй цæрой, уымæн тынг ахъазаг у ацы конкурс».
Хъарданты Тимур, Дигорайы минæвæртты æмбырды сæрдар: «Уырыссаг æвзаг дæр, англисаг æвзаг дæр нын ницы фæуыдзысты, фæлæ нæ мадæлон æвзаг куы ферох кæнæм, уæд стыр бæллæх уыдзæн. Уый тыххæй скодтам конкурс. Сывæллæттæ хорз дзырдтой. Кæмæндæрты сæ мадæлон æвзаг сси дыгурон æмæ сæ цæрæнбон бирæ уæд».

темæмæ гæсгæ