филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:17 среда, 17 декабря 2025
30 января 2014, 11:11
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ æрзылдысты Дзæуджыхъæуы бирæуæладзыгон æмæ хи хæдзæрттыл

Æдасдзинады фарстатæ хъуамæ уой сæйрагдæр… Ахæм нысанимæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ æрзылдысты Дзæуджыхъæуы бирæуæладзыгон æмæ хи хæдзæрттыл.

Ирыстойнаг зылды зынгхуыссынгæнджытæ цæрджыты зонгæ кодтой, зымæгон æмæ фæззыгон адасдзинады домæнтæ куыд æххæст кæнын хъæуы, фылдæр æргом цæмæ аздахын хъæуы, уыимæ.

Статистикæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фылдæр фыдбылызтæ æрцæуы афæдзы ацы афонты. Уымæн æмæ адæм фылдæр пайда кæнын райдайынц хъармгæнæнтæй.
Фарон æрмæст Дзæуджыхъæуы Ирыстойнаг зылды æрцыд 30 зынгсирвæзтæй фылдæр, уыдонæй 89 % аххосджын уыдысты адæм сæхæдæг.

Инспектортæ цæрджытæн байуæрстой гæххæттытæ, зынгсирвæзты рæстæг хи куыд дарын хъæуы, æмæ цы мадзæлттæ аразын хъæуы, уыцы амынддзинæдтимæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania