филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:11 суббота, 18 мая 2024
19 апреля 2013, 11:21
Æнæниздзинадхъахъхъæнынады фарстатыл ныхас цыд хицауады æмбырды

Æнæниздзинадхъахъхъæнынады рацарæзты программæ сæххæст кæнынæн Цæгат Ирыстонæн федералон бюджетæй дихгонд æрцыд 2 миллиард сомы.

Æнæниздзинадхъахъхъæнынады рацарæзты программæ сæххæст кæнынæн Цæгат Ирыстонæн федералон бюджетæй дихгонд æрцыд 2 миллиард сомы. Уыдонæй 1 милуан 700 мин сомы æрцыдысты хардзгонд.

Куыд æмæ цæуыл – ууыл ныхас цыд программæмæ цæстдарæг ведомствæты хсæн къамисы æмбырды. Амыдта йæ хицауады сæрдар Такъоты Сергей.

Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Владимир Селиванов йæ доклады куыд загъта, афтæмæй программæйы æххуысæй цалцæггонд æрцыд тагъдæххуысы клиникон рынчындон, цалцæг кæнынц республикон клиникон рынчындоны арæндон æмæ сывæллæтты рынчындоны хирургион хайад.

Æмбырды сбæлвырд кодтой, объекттæ кæд хъуамæ сцæттæ уой, уый. 15 июнмæ хъуамæ скусой Беслæны арæндон, стæй Æрæфы æмæ Æрыдоны районты рынчындæттæ.

Такъоты Сергейы ныхæстæм гæсгæ, цавæрдæр аиппытæ сбæрæг кодтой, фæлæ ‘хца æнæзакъонæй хардзгонд нæ цæуынц.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania