филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:57 суббота, 21 сентября 2024
26 сентября 2014, 11:07
Æнæзакъон бырондæтты уавæр

Æрыдоны иувæрсты фæндагмæ хæстæг 25 азы размæ сæвзæрд стыр дзыхъхъ. Уыцы рæстæг фæндаг аразгæйæ ам къахтой хуыр æмæ цæмæй дзыхъхъ байдзаг уа, уый тыххæй дзы сарæзтой бырондон. Уал азмæ дзыхъхъ æгæр дæр ма байдзаг и, фæлæ йæм уæддæр адæм ласынц се *ппæрццæгтæ, æмæ йæ тæф хъыгдары Æрыдоны цæрджыты, стæй фæндагыл цæуджыты.

73942
Æрыдоны иувæрсты фæндагмæ хæстæг 25 азы размæ сæвзæрд стыр дзыхъхъ. Уыцы рæстæг фæндаг аразгæйæ ам къахтой хуыр æмæ цæмæй дзыхъхъ байдзаг уа, уый тыххæй дзы сарæзтой бырондон. Уал азмæ дзыхъхъ æгæр дæр ма байдзаг и, фæлæ йæм уæддæр адæм ласынц се *ппæрццæгтæ, æмæ йæ тæф хъыгдары Æрыдоны цæрджыты, стæй фæндагыл цæуджыты. Ахæм уавæры сты Станицæ Архонкæ æмæ Дзуары хъæуы цæрджытæ дæр. Цæмæй адæмæн мацы зиан хæссой, уый тыххæй цы мадзæлттæ саразын хъæуы? Ацы фарстæн дзуапп дæтты нæ уацхæссæг.
Ацы бырондон Дзуарыхъæумæ фæндагыл сæвзæрд 20 азы размæ. Æрвылбон ардæм сæ бырæттæ ласынц цалдæр хæстæгдæр хъæуты цæрджытæ. Фæзуат уæрæхæй уæрæхдæр кæны. Ардæм ласынц арæзтадон хауæддзæгтæ. Километрмæ хæстæг ис Архонкæйы станицæ, стæй цæугæдон Бурчак. Дымгæ куы вæййы, уæд æм бахæссы бырæттæ. Æрæджы ам хицауады æмæ экологон уавæрмæ цæстдарды управленийы хъæппæрисæй ам сарæзтой бру, фæлæ уый уавæр нæ фæхуыздæр кодта.
Ацы ран дæр сæвзæрд бырондон. Æцæг кæцы районмæ хауы, уый зын зæгъæн у. Баиу дзы 3 районы: Горæтгæрон, Алагиры æмæ Æрыдоны. Бырондонæн дзуапп дæттын никæйы фæнды.
Ноджыдæр ма иу бырондон – Æрыдонмæ хæстæг. Бонмæ ардæм æрбацæуы цалдæр сæрмагонд быронласæн машинæйы, хæдзары æнæхъæугæ дзаумæттæ æмæ хойраджы æппæрццæгтæ ардæм ласынц хи машинæтæй дæр. Бырондон сæвзæрд 25 азы размæ, фæндаг аразгæйæ дзы хуыр къахтой æмæ уæды разамынд бауагъта, цы дзыхъхъ дзы сæвæзæрд, уырдæм бырæттæ ласын. Фæлæ абон уавæр у тæссаг. Бырондон дзуапп нæ дæтты домæнтæн Æрыдоны администрацийы хицау куыд зæгъы, афтæмæй æппæты асламдæр аргъ бырæттæ раласыны тыххæй у Æрыдоны – 25 сомы адæймагæй. Æмæ уыцы фæрæзтæ фаг не сты.
Æнæзакъон бырондæтты тыххæй æрдзхъахъхъæнынады министрад аразы административон бархæлды протоколтæ, кæны сæ ивар. Хорз уаид æмæ цалдæр хæстæгдæр хъæутæ, кæнæ администрациты разамонджытæ ацы фарста иумæ куы лыг кæниккой, уæд сæ хæрдзтæ фæкъаддæр уыдзысты. Иумæ фарста лыг кæнын æнцондæр у.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania