25 ноября 2013, 11:20
Æнахъом сывæллæтты хъуыддæгты фæдыл æмæ сæ бартæ хъахъхъæнæг хицауадон къамисы æрдзырдтой, фыдракæндтæ цы ахуырдзаутæ саразынц, уыдоны хъомылгæнджыты бæрнондзинадыл
Амыдта йæ республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Таболты Сергей. Пъæлицæйы хицауы хæдивæг Сергей Гончаров куыд фехъусын кодта, афтæмæй æнахъом фыдгæнджытимæ ахадгæ
Амыдта йæ республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Таболты Сергей. Пъæлицæйы хицауы хæдивæг Сергей Гончаров куыд фехъусын кодта, афтæмæй æнахъом фыдгæнджытимæ ахадгæ куыст кæнынц инспектортæ, иннæ ведомствæты архайд бæрæг нæу. Ахуырад æмæ наукæйы министры фыццаг хæдивæг Тотраты Владиславы ныхæстæм гæсгæ, цæмæй ахуыргæнджытæ уæлæмхасæн æхцатæ райсой, уый тыххæй бирæ скъоладзауты фыдракæндты тыххæй цаутæ æмбæхстой. Уый хыгъд мидхъуыддæгты министрад бахаста хъуыды, цæмæй ахуыргæнджытæ фылдæр аразой профилактикон мадзæлттæ æмæ фыдуаг митæ чи кæны, уыцы сывæллæтты бæрæг кæной рагацау. Æхцатæ дæтдзысты, хуыздæр бæрæггæнæнтæ чи æвдиса, уыцы ахуыргæнджытæн. Уымæй уæлдай ма хаст æрцыд фæндон, цæмæй уæлæмхасæн æхцатæ фидой, скъоладзаутимæ ахуырадон æмæ хъомыладон куыст чи кæны, уыцы ахуыргæнджытæн.

темæмæ гæсгæ