филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:24 пятница, 05 июля 2024
22 августа 2014, 12:00
Æндæрæбон æмбисæхсæвмæ хæстæг, Дайраны комы, Гуырдзыйы ногæй рацыд зæй

Æндæрæбон æмбисæхсæвмæ хæстæг, Дайраны комы, Гуырдзыйы ногæй рацыд зæй. Æрдзон фыдбылыз æрцыд Гвелетийы хъæумæ хæстæг, арæнхъахъхъæнæн пункт «Дайран»-æй километр

73850
Æндæрæбон æмбисæхсæвмæ хæстæг, Дайраны комы, Гуырдзыйы ногæй рацыд зæй. Æрдзон фыдбылыз æрцыд Гвелетийы хъæумæ хæстæг, арæнхъахъхъæнæн пункт «Дайран»-æй километр уæлдæр.

Æнæнхъæлæджы цауты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ ламидæттæ æрæхгæдтой фæндаг, уымæ гæсгæ æфсæддон-гуырдзиаг фæндаг ныртæккæ нæ кусы. Уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы цур æмбырд кæнынц машинæтæ.

Уавæр хынцгæйæ æнæхъæлæджы цауты министрад аразы бæлвырд мадзæлттæ. Цæст дарынц Цæгат Ирыстоны фарс Терчы æмвæзадмæ, хæстæгдæр хъæутæм æрвыст æрцыдысты сæрмагонд къордтæ, цæмæй бахъуаджы сахат цæрджыты æдасдæр ранмæ ракæной.

Гуырдзыйы президент Георгий Маргвелашвили куыд хъусын кæны, афтæмæй Дайраны комы фæндаг хъуамæ ссыгъдæг кæной 2 къуыримæ.

Ныртæккæ фыдбылызы бынаты кусынц ирвæзынгæнджытæ. Агурынц æбæрæгæй сæфтыл нымад чи у, уыцы 2 адæймаджы.

Уымæй уæлдай цалцæг кæнынц Сомыхмæ цы газы хæтæл цæуы, уый дæр.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania