филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:41 воскресенье, 12 мая 2024
06 марта 2013, 17:30
Æппæт Уæрæсейы бæрæг кæнынц Советон Цæдисы æртæ хатты хъæбатыр, авиацийы маршал Александр Покрышкины райгуырды 100 азы

Йæ ном ын абон æрхъуыды кодтой Дзæуджыхъæуы дæр. Ветеранты хæдзары æрæмбырд сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæ, горæты администрацийы æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ.

Æппæт Уæрæсейы бæрæг кæнынц Советон Цæдисы æртæ хатты хъæбатыр, авиацийы маршал Александр Покрышкины райгуырды 100 азы.

Йæ ном ын абон æрхъуыды кодтой Дзæуджыхъæуы дæр. Ветеранты хæдзары æрæмбырд сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæ, горæты администрацийы æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Александр Покрышкин архайдта 150 уæлдæфон тохæй фылдæры. Æрæппæрста 59 знаджы хæдтæхæджы. Хъæбатыр тæхæг службæ кодта не мзæххон, инæлар-майор Дзусаты Ибрагимы дæлбар. Александр Покрышкин тох кодта Цæгат Ирыстоны дæр.

Бедойты Руслан, Уæрæсейы ДОСААФ-ы сæрдары уынаффæгæнæг: «Горæты администраци ахæм уынаффæ рахаста, æмæ йын кадджын цæрæджы ном радтой. Уый уыдис 1974 азы. Уый дæр хæрзиуæгыл нымад у. Мах сæрыстыр стæм. Цыма не мзæххон у Покрышкин, афтæ нæм хъары уыцы хъуыддаг».

Базраты Михаил, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран: «Фæсивæд куыд фæзмыной Дзусы фырты дæр, Покрышкины дæр, ууыл кусын хъæуы. Хистæртæн та, махæн, нæ бон цы уа, уый кæндзыстæм, цалынмæ цæрæм, уæдмæ».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania