19 декабря 2013, 17:26
Æппæтадæмон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр ныхас»-ы арæзт æрцыд æмбырд
Архайдтой дзы дины кусджытæ, æхсæнадон æмæ национ-культурон центры минæвæрттæ.
Ныхас цыд, алы нациты æмæ конфесситы `хсæн цы лыггæнинаг фарстатæ сæвзæры, уыдоныл.
Æппæтадæмон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр ныхас»-ы арæзт æрцыд æмбырд. Архайдтой дзы дины кусджытæ, æхсæнадон æмæ национ-культурон центры минæвæрттæ.
Ныхас цыд, алы нациты æмæ конфесситы `хсæн цы лыггæнинаг фарстатæ сæвзæры, уыдоныл. Æрдзырдтой, сыхаг регионтимæ цавæр ахастдзинæдтæ ис, ууыл, сæрмагондæй та Гуырдзыстонимæ æмæ Мæхъæлы республикæимæ. Ацы темæтимæ баст доклад бацæттæ кодта «Иры Стыр ныхас»-ы сæрдары хæдивæг Æлборты Иван. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй Мæхъæлы республикæимæ ахастдзинæдтæ цæмæй æнгомдæр уой, уый тыххæй стыр куыст цыдис. Фæлæ Беслæны трагедийы фæстæ фæкъуылымпы ис. Ныр уыцы архайд сног кæнын хъæуы. Æмбырды архайджыты хъуыдымæ гæсгæ, ацы фарстатæ лыг кæнынæн хъæуы иумæйаг стратегийыл бакусын.

темæмæ гæсгæ