филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:35 суббота, 26 июля 2025
26 ноября 2013, 11:18
Æппæтдунеон конференци «Виа Аланика» ногæй кусын райдыдта Цæгат Ирыстоны

Йæ хæс у скифты æмæ аланты цард, нæ рагфыдæлтæ дунейы цы фæд ныууагътой, уый иртасæн куыст кæнын. Конференцийы сты ахуыргæндтæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй, Италийæ,

Йæ хæс у скифты æмæ аланты цард, нæ рагфыдæлтæ дунейы цы фæд ныууагътой, уый иртасæн куыст кæнын. Конференцийы сты ахуыргæндтæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй, Италийæ, Украинæйæ, Францийæ, Великобританийæ æмæ Уæрæсейы горæттæй. Се хсæн делегаттæ Венгриаг горæт Ясберенæй. Цæрынц дзы ирæттæн æфсымæрон адæмыхатт – ястæ.

Знон конференцийы архайджытимæ фембæлд республикæйы парламенты сæрдар Алексей Мачнев. Куыд бафиппайдта, афтæмæй йын 90-æм азты бындур сæвæрдта æмæ проектыл кусын райдыдта нæ республикæйы æхсæнадон æмæ политикон архайæг Таболты Солтанбег. Æмæ йæ хъæуы дарддæр ахæццæ кæнын. Италиаг журналист Джульетто Кьеза куыд загъта, афтæмæй бирæ бæстæты нæ зонынц Цæгат Ирыстоны тыххæй. Афтæмæй та республикæйы хæзнатæ бирæ сты æмæ семæ зонгæ кæнын хъæуы дунейы цæрджыты.

Дыууæ боны дæргъы конференцийы дзурдзысты «Виа Аланикæйы» фыццаг хайы хатдзæгтыл. Ныр ын йæ куыст дарддæр хæццæ кæндзæн Цæгат Ирыстоны парламенты наукæйы, ахуырады, культурæйы æмæ информацион политикæйы комитет, йæ сæргъы Таболты Тамарæ, афтæмæй.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania