18 апреля 2013, 17:49
Æппæткавказаг фæсивæдон форум «Машук 2013» саразыны мадзæлттæ снысан кæныны тыххæй абон Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты уыд пресс-конференци
Ныхас дзы цыд форумы программæмæ цы ивддзинæдтæ хаст æрцыд, уыдоныл. Ацы аз æмбырд цæудзæн 14-æй 28-æм августмæ. Амæй размæ иу дзы уыд 6 темæйы, ацы аз та фæсивæды размæ рахæсдзысты 10.
Æппæткавказаг фæсивæдон форум «Машук 2013» саразыны мадзæлттæ снысан кæныны тыххæй абон Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты уыд пресс-конференци.
Ныхас дзы цыд форумы программæмæ цы ивддзинæдтæ хаст æрцыд, уыдоныл. Ацы аз æмбырд цæудзæн 14-æй 28-æм августмæ. Амæй размæ иу дзы уыд 6 темæйы, ацы аз та фæсивæды размæ рахæсдзысты 10. Уымæй уæлдай фæфылдæр сты гранттæн цы æхца дæттынц, уыдон дæр. Уæлахиздзауæн цæмæй йæ проект царды рацæуа, уый тыххæй йын ратдзысты 1 милуан сомы.
Конкурсы архайын сæ бон уыдзæн æнæкоммерцион организацитæн дæр.
Пресс-конференцийы фæсивæдæн фадат уыди ног домæнтимæ бæлвырддæр базонгæ уæвынæн.
темæмæ гæсгæ