филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:02 среда, 17 декабря 2025
28 января 2014, 10:59
Æппæтуæрæсеон политикон парти «Иугонд Уæрæсейы» цæгатирыстойнаг хайады арæзт æрцыд видеоконференции

Ныхас дзы цыди, бæстæйы президенты ныстуан æххæст кæнгæйæ, скъолайы агъоммæ ахуырады проект «Рæвдауæндæттæ – сывæллæттæн»-ы куыст федералон æмвæзадмæ сисыныл.

Æппæтуæрæсеон политикон парти «Иугонд Уæрæсейы» цæгатирыстойнаг хайады арæзт æрцыд видеоконференции
Ныхас дзы цыди, бæстæйы президенты ныстуан æххæст кæнгæйæ, скъолайы агъоммæ ахуырады проект «Рæвдауæндæттæ – сывæллæттæн»-ы куыст федералон æмвæзадмæ сисыныл. Æмбырды архайдтой скъолайы агъоммæ ахуырады сæргълæуджытæ æмæ Дзæуджыхъæуы ахуырады упраленийы хицау, стæй проект царды рауадзыныл чи кусы, уыдон. Дзæуджыхъæуы ахуырады уравленийы хицау Тменаты Алексей куыд загъта, афтæмæй партийы центрон æххæсткомы æмæ администрацийы æмгуыстады фæрцы æнтыстджынæй архайынц проект æххæст кæныныл. Кæд фæстаг 20 азы иу рæвдауæндон дæр арæзт не рцыд, уæддæр скъолаты байгом уæлæмхасæн къордтæ. Цалцæггонд æрцыдысты бæстыхæйттæ, æмæ афтæмæй 4 азмæ Дзæуджыхъæуы фæзынд 4 мин бынаты, скъолайы агъоммæ ахуырады. Фарон та ног рæвдауæнтæдтæ байгом поселок Южныйы æмæ горæты 11-æм микрорайоны.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania