филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:08 воскресенье, 19 мая 2024
01 ноября 2013, 11:27
Æрæджы Италийы уыдысты сфæлдыстадон изæртæ «Русские вечера в Милане»

Уым дунейы зындгонд сфæлдыстадон къордты ‘хсæн аивадуарзджытæ базонгæ сты не мзæххон, зындгонд хуыйæг Годжыцаты Изольдæйы æрмадзы хуыд уæлæдарæсимæ. Къабаты сызгъæрин халтæ æрбацæуджыты ахуыдтой нæ рагфыдæлты историмæ. Коллекци дæр хуынд афтæ.

Æрæджы Италийы уыдысты сфæлдыстадон изæртæ «Русские вечера в Милане». Уым дунейы зындгонд сфæлдыстадон къордты ‘хсæн аивадуарзджытæ базонгæ сты не мзæххон, зындгонд хуыйæг Годжыцаты Изольдæйы æрмадзы хуыд уæлæдарæсимæ. Къабаты сызгъæрин халтæ æрбацæуджыты ахуыдтой нæ рагфыдæлты историмæ. Коллекци дæр хуынд афтæ.

Ацы къамтæ бирæ азты зæрдыл лæууын кæндзысты, Италийы цы культурон мадзал ацыд, «Русские вечера в Милане», уый. Æмæ фæхъæздыгдæр кæндзысты зындгонд хуыйæг Годжыцаты Изольдæ цы бæстæты уыд, уыцы географион архив. Миланмæ не мзæххон аласта 20 национ уæлæдарæсæй фылдæр. Изæрмæ æрбацæуджытæ базонгæ сты Кавказы цæрæг адæмы рагфыдæлты уæлæдарæсимæ. Сæ нывæфтыдæй зæрдæ райдта.

Плиты Зæлинæ, Уæлæдарæсы нывгæнæг: «Æз мæхæдæг архайдтон равдысты. Æмæ залмæ нæ къабаты куы бацыдыстæм, уæд дзы фыццаг цы фехъуыстам, уый нæ ирон музыкæ, уый уыд тынг æхсызгон. Адæм нæ фæстæ цыдысты æмæ нын нæ къабатæм лæмбынæг кастысты».

Изольдæ ацы уæлæдарæс куы хуыдта, уæд æнæмæнг спайда кодта рагон къамтæй. Æмæ сæм кæд бахаста нырыккон дуджы халтæ, уæддæр сты нæ рагфыдæлты уæлæдарæсы истори.

Италийы уырыссаг сфæлдыстадон изæры чи архайдта, уыдонæй бирæтæ уыдысты Ирыстонæй рацæугæ адæм. Сæ курдиатæй сфидыдта бæргæбон. Изæры бындурæвæрг Татьяна Шумова сын сæрмагондæй раарфæ кодта. Загъта, Уæрæсейы кæй ис чысыл республикæ, Ирыстон æмæ дзы кæй схъомыл бирæ куырдиатджын адæм.

Годжыцаты Изольдæ: «Ныртæккæ хъуыстат Петербурджы хъуыстгонд театры æрыгон зарæггæнджытæм, сæ разамонæг Гергиты Ларисæ, уыцы хъуыстгонд театрæн йæ хистæр у Гергиты Валерий, ам Миланы ис балетон труппæ уыцы труппæйы хистæр у Уарзиаты Махар. Ныртæккæ кастыстут тынг рæсугъд коллекæцимæ æмæ уыцы коллекции та сарæзта. Мæ ном мын загъта. Æмæ иууылдæр сыстадысты æмæ нын арфæ ракодтой. Уый уыд стыр кад, стыр ном, мæн нæ, фæлæ мæнмæ афтæ кæсы æмæ нæ Ирыстонæн».

«Рагон аивады нырыккон рæстæг», афтæ хуынд, Годжыцаты Изольдæ Миланмæ цы коллекци аласта, уый. Сызгъæрин халтæй хуыд уæлæдарæс бацагайдта Италийы модæйы ассоциацийы президенты æмæ йæ æрбахуыдта Венецийы модæйы къуримæ. Уый уыдзæн 14-æм мартъийы. Ныртæккæ Изольдæ æмæ йæ къорд сæхи цæттæ кæнынц уыцы бæрнон равдыстмæ. Æмæ кусынц 3 ног национ къабайыл.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania