филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:23 воскресенье, 29 сентября 2024
27 августа 2014, 17:39
Æрæджы Кæсæг-Балхъары литературон журналы мыхуыры рацыдысты Цæгат Ирыстоны фысджыты уацмыстæ

Фыссæг Агънаты Гæстæнæн журналы сæйраг редакторимæ хорз ахастдзинæдтæ ис æмæ сæ иумæйаг ныхасы рахастой фæндон Цæгат Ирыстоны фысджыты уацмыстæ Кæсæг-Балхъары литературон журналы рауадзын.

73933
Ахæм цау хорз фæрæз у дыууæ республикæты культурон æмæ аивадон цард хуыздæр зонынæн.
Фыссæг Агънаты Гæстæнæн журналы сæйраг редакторимæ хорз ахастдзинæдтæ ис æмæ сæ иумæйаг ныхасы рахастой фæндон Цæгат Ирыстоны фысджыты уацмыстæ Кæсæг-Балхъары литературон журналы рауадзын. Уый у сæ фыццаг фæлварæн. Джусойты Нафи, Ходы Камал, Дзасохты Музафер, Хъодзаты Æхсар, Хуыгаты Сергей, Хъазиты Мелитон æмæ Агънаты Гæстæны уацмыстæ ныр базондзысты журнал «Литературная Кабардино-Балкария»-йы кæсджытæ дæр. Нæ фысджытæ цæуыл дзурынц, царды сæ цавæр фарстатæ тыхсын кæны, уый тыххæй йæ разныхасы ныффыста Тъехты Тамерлан.
Агънаты Гæстæн, Цæгат Ирыстоны фысджыты Цæдисы разамынды сæрдары хæдивæг, Цæгат Ирыстоны адæмон фыссæг: «Уыцы уацмысты фæрцы Кæсæг Балхъары цæрджытæ ноджы хуыздæр базондзысты Ирыстоны, нæ адæмы, нæ культурæйы, нæ аивады. Æмæ ма иу хатт дæр зæгъын, уый итыххæн æмæ æртæккæ цæрæм ахæм рæстæг æм æдуне æддæг мидæг ауади æмæ мах та сыхæгтæ стæм. Хъуамæ сыхæгтæ сыхаджы цард кæной, кæрæдзийы хорз æмбарой. Æмæ уымæн ацы журналы цы кацмыстæ ис, уыдон мæнмæ гæсгæ хорз ахъаз фæуыдзысты».
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania