филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:08 вторник, 16 декабря 2025
12 марта 2014, 17:25
Æрæджы Мамсыраты Таймураз Парламентмæ æмæ Ирыстоны цæрджытæм цы ныстуанимæ раныхас кодта, уый сæйраг фарстатæм æркастысты хицауады хæддзары тымбыл стъолы архайджытæ

Фылдæр æргом дзы аздæхтой, зæххæй чи æмæ куыд пайда кæны, уымæ. Бæрæггонд куыд у, афтæмæй Ирыстоны хуымгæнды зæхх кадавар у, йæ фылдæр хай та йын 49 азмæ арендæйы райстой хицæн адæм. Æмæ дзы раст нæ пайда кæнынц.

Æрæджы Республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз Парламентмæ æмæ Ирыстоны цæрджытæм цы ныстуанимæ раныхас кодта, уый сæйраг фарстатæм абон æркастысты хицауады хæддзары тымбыл стъолы архайджытæ.

Фылдæр æргом дзы аздæхтой, зæххæй чи æмæ куыд пайда кæны, уымæ. Бæрæггонд куыд у, афтæмæй Ирыстоны хуымгæнды зæхх кадавар у, йæ фылдæр хай та йын 49 азмæ арендæйы райстой хицæн адæм. Æмæ дзы раст нæ пайда кæнынц. Ахæм амалхъом адæмы ныхмæ бынæттон хиуынаффæйады разамонджытæ хъуамæ саразой сæ куыст. Парламенты дæр арæзт æрцыд сæрмагонд къамис, разамынд ын дæтты парламенты сæрдары хæдивæг Кучиты Гарий. Зæхх нæ дарæг у, фæлæ ма республикæйы æрвылбоны царды, социалон-экономикон райрæзты ис æндæр фарстатæ дæр. Зæгъæм парламенты депутат Таболты Тамарæ йæ раныхасы стыр æргом аздæхта, нæ республикæйы кусæг дæсныйæдты специалисттæ кæй нæ фаг кæны, уымæ. Уалдай зын та у хорз специалисты хъæумæ раздахын. Æмæ сæ бамбарæн ис, абон бирæ хъæуты хуымæтæг царды уавæртæ дæр нæй. Фæлæ бирæ аразгæ у бынæттон администрацийы разамонæгæй. Дæнцæгæн æрхæссæн ис Черменыхъæу. Æрæджы рамбылдта хуыздæр уæрæсейаг хъæуы конкурс.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania