филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:59 суббота, 18 мая 2024
04 августа 2014, 17:17
Æрæджы нæ редакцимæ сæ хъаст æрбахастой, Цæгат Кавказы Хæххон-еталлургон институты æмдзæрæнмæ хæстæг цы хæдзæрттæ ис, уыдоны цæрджытæ

Ахуыргæнæндоны бæстыхайы алыварс чъизи кæй у, уымæ гæсгæ, дзы æмбырд кæнынц алыхуызон цæрæгойтæ. Адæмæн йе взæр тæфæй сæ бон нал у.

Таутийы – фырты æмæ Къесайы – фырты уынгты тигъыл зæронд бæстыхайы æддаг бакаст бирæ азтæм фыццаг хатт у нывыл. Йæ алыварс сыгъдæг, кæрдæг карст.

73598
Æрæджы нæ редакцимæ сæ хъаст æрбахастой, Цæгат Кавказы Хæххон-еталлургон институты æмдзæрæнмæ хæстæг цы хæдзæрттæ ис, уыдоны цæрджытæ. Ахуыргæнæндоны бæстыхайы алыварс чъизи кæй у, уымæ гæсгæ, дзы æмбырд кæнынц алыхуызон цæрæгойтæ. Адæмæн йе взæр тæфæй сæ бон нал у. 
Таутийы – фырты æмæ Къесайы – фырты уынгты тигъыл зæронд бæстыхайы æддаг бакаст бирæ азтæм фыццаг хатт у нывыл. Йæ алыварс сыгъдæг, кæрдæг карст. Адæймагмæ афæтæ кæсы, цыма дзы рагæй дæр афтæ уыди. Фæлæ камерæйæ сæ цъылынтæ чи æбæхсы, уыдон адæймаджы æфтауынц æндæр хъуыдытыл. Мидæггаг кæрты хæрз æфснайд бакæнын сæ къухы нал бафтыд. Иу бон размæ дзы не сфæлдыстадон къорд цы кадртæ систа, уыдоны зынынц быроны обæуттæ. Хæстæг хæдзæртты цæрджытæн ацы бæстыхайы хицауы ссарын сæ бон нæу. Сыгъдæгдзинад кæмæй бацагурой, уый нæ зоныныц. 
Темыраты Беллæ: «Базарæй æрбацыдтæ, æмæ мæ къухы дыууæ пакеты. Мæнæ ацы телыхъæды цур æрлæууыдтæн мæ фæллад суадзынмæ, æмæ дзы мæ тæккæ кахыл плиткæ рацæйхауд. Мæхи ма дзы куыддæр фæсайдтон. Нæхимæ æрбацыдтæн, æмæ хъуыды кæнын… адæм сæ хæстæ цæуыннæ æххæст кæнынц, æмæ куыдфæндыйы цæстæй цæмæн кæсынц алцæмæ. Ацы бæстыхайæн дæр æвæццæгæн кæмдæр хицау ис, фæлæ йæ адæймаг кæм агура». 
Баскаты Верæ: «Изæрыгæтты ам ацæуæн нæ уыди. Æнæзонгæ адæм иу дзы бадтысты, æмæ иу цы куыстой, уый бæрæг нæ уыд, сæ фæстæ иу ныууагътой шприцтæ. Хæринаджы уæлдæйттæ дæри у дзы ныууагътой æмæ сыл иу уырытæ æмæ æндæр цæрæгойтæ æрæмбырд сты. Уыдон хæссынц алахуызон хæсгæ низтæ». 
Куыд рабæрæг, афтæмæй бæстыхай у 58-æм азы арæзт, уыди Хæххон Металлургон техникумы æмдзæрæн. 2011-æм азы йæ райстой, æмæ йæ радтой къазнамæ. Цæгат Кавказы Хæххон Металлургон Институты исбоны ис афæдзæй гыццыл фылдæр. Институты исбонады ахастдзинæдты хайады хитау Куыдзиаты Альбинæ куыд зæгъы, афтæмæй сæм бæстыхай радтой кæлæддзаг уавæры. 
Институтæн бæстыхай бындуронæй рацаразын нврма йæ бон нæу. Ахæм бартæ дæр сын нæй.
Æмдзæрæны рагæй дæр ничиуал цæры. Пъолты бынтæй кæрдæг цæуы, саст æвгтæ, цартæ мæнæ-мæнæ ныккæлой. Ам уæвын адæймаджы æнæниздзинадæн у тæссаг. 
Институты разамынд куыд зæгъы, афтæмæй сæм бæстыхай 2013-æм азы куы радтой, уæд федералон программæмæ гæсгæ, курдиат арвыстой УФ-йы ахуырады министрадмæ, йæ сцалцæг кæныны тыххæй. Адресон – инвестицион программæмæ гæсгæ ивгъуыд азы кæрон цалцæггонд æрцыди Дзæуджыхъæуы æмдзæрæнтæй иу. Æмæ йæ ныридæгæн дæр радтой эксплуатацийы. Ацы æмдзæрæн дæр афтид ьæргæ нæ уаид, ныртæккæ рæстæгмæйы цæрæнбынæт хъæуы 14 сæдæ студентæй фылдæры. 
Хæстæг хæдзæртты цæрджытæм та сæхи хъуыдытæ ис. Æмдзæрæны цалцæгмæ уыдон ницы бар дарынц, сæйрагдæр сын у уый, цæмæй æмдзæрæны алыварс уа сыгъдг æмæ йæ æфснайой æппын къаддæр мæй иу хатт.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania