Компани «Севкавказэнерго» хæсджынтæй исы ‘хца æмæ аразы рейдтæ.
Энергетикты ныхæстæм гæсгæ, æппæты фылдæр хæстæ дарынц бюджетон организацитæ. Сты 30 объектæй фылдæр. Арæхдæр вæййынц, хъæуты бынæттон администрацитæ, сæ иумæйаг хæс та у 11 милуаны æмæ 500 сомы.
Энергетикты ныхæстæм гæсгæ, æппæты фылдæр хæстæ дарынц бюджетон организацитæ. Сты 30 объектæй фылдæр. Арæхдæр вæййынц, хъæуты бынæттон администрацитæ, сæ иумæйаг хæс та у 11 милуаны æмæ 500 сомы.
«Севкавказэнерго»-йы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, рейдтæ цæудзысты, цалынмæ район йæ хæс æххæстæй нæ бафида, уæдмæ. Уыимæ фæкарздæр кæндзысты æфхæрæн мадзæлттæ. Дæнцæгæн, ныридæгæн уал, æппæтæй фылдæр электроэнерги кæй хардз кæнынц, уымæ гæсгæ кæмдæрты аххуыссын кодтой уынгты цырæгътæ.
Карз æфхæрд æййафдзысты, стыр хæс чи дары, уыцы адæм дæр æмæ хæдзæртты хицæуттæ.
Золойты Ермак, «Севкавказэнерго»-йы Æрæфы районы энергидæттæг хайады хицау: «Цы куыст кæнæм, уый махмæ гæсгæ, хъæугæ у. Уымæн æмæ район дары бирæ хæстæ, 11 милуаны æмæ æрдæг, фæлæ сæ ничи фиды. Организаци та цæуы стыр хæрдзты. Раздæр районы разамынд æмæ «Севкавэнерго»-йы хицауады хсæн цыдæр ныхас уыд. Хъыгагæн, ницы аивта. Æмæ ныртæккæ кæд карз æфхæрæм адæмы, уæддæр нын æндæр гæнæн нæй».




