филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:21 понедельник, 15 декабря 2025
05 мая 2014, 11:28
Æрæфы районы арæзт æрцыди республикон турнир дзюдойæ. Бацæттæ йæ кодтой Уæлахизы боны кадæн

Архайдтой дзы, 11 азæй 14 азы онг кæуыл цæуы, ахæм чызджытæ æмæ лæппутæ. Сывæллæтты спортивон скъоламæ æрæмбырд сты Дзæуджыхъæуæй, Æрæфы, Горæтгæрон æмæ Рахизфарсы районты спортсментæ.

Æрæфы районы арæзт æрцыди республикон турнир дзюдойæ. Бацæттæ йæ кодтой Уæлахизы боны кадæн
Архайдтой дзы, 11 азæй 14 азы онг кæуыл цæуы, ахæм чызджытæ æмæ лæппутæ. Сывæллæтты спортивон скъоламæ æрæмбырд сты Дзæуджыхъæуæй, Æрæфы, Горæтгæрон æмæ Рахизфарсы районты спортсментæ. Хуыздæртæ хорзæхгонд æрцыдысты кубоктæ æмæ майдантæй. Фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министр Бæройты Хасаны сæрмагонд приз райста Дзæуджыхъæуккаг спортсмен Музаты Давид. Хуздæр техникæйы приз дæр æрхауд дзæуджыхъæуккаг дзюдоист Болæтаты Аланмæ. Бирæтæн дзы ацы турнир уыди фыццаг, фæлæ дзы уыд, Уæрæсейы стыр горæтты Ирыстоны кад чи хъахъхъæдта, ахæмтæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania