филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:06 суббота, 04 мая 2024
16 апреля 2013, 17:40
Æрæфы районы фæзынд спорты ног хуыз

Геккиты Русланы фæрцы сывæллæттæн ис, бæхтыл цæуынæй сæхи бафæлварыны фадат.

Æрæфы районы фæзынд спорты ног хуыз. Геккиты Русланы фæрцы сывæллæттæн ис, бæхтыл цæуынæй сæхи бафæлварыны фадат.

Æрвылбон ацы суинаг барджытæ саргъ сæвæрыны размæ, бæхты зæрдиагæй бацæттæ кæнынц. Зонынц æй, цæмæй семæ иумæйаг æвзаг ссарой, уый тыххæй сын рагагъоммæ бамбарын кæнын хъæуы, иузæрдион сыл кæй не сты, уый. Хæрзаив бæхты цур лæппутæ сæхимæ стыр лæгтæ кæсынц. Кæд сæ асмæ гæсгæ æнæ искæй æххуысæй æгъдæнцоймæ нæмæ æххæссынц, уæддæр бæхтимæ ныфсджынæй архайынц. Ахæм спортивон фæрæз сæ хъæуы искуы уыдзæн, ууыл хъуыды дæр нæ кодтой.

Золойты Алан: «Æхсæз мæйы цæуын ардæм, æмæ дзы мæ зæрдæмæ тынг цæуы. Русланы фæрцы нын ис фадат, нæхи ацы спорты хуызæй бафæлварынæн. Уырны нæ, ерысты нæхи хорз кæй равдисдзыстæм, уый».

Рæмонты Альберт: «Руслан тынг хорз лæг у. Камдæриддæр архайæм, уырдыгæй хъуамæ уæлахизимæ ссæуæм».

Æнусы `рдæгæй фылдæр Геккиты Руслан кусы бæхтимæ. Дунейы горæтты алыхуызон ерысты айхъуысын кодта Ирыстоны, стæй сыхаг республикæты кой. Бæхтыл цæуыны спортивон хуызтæ йын иууылдæр зонгæ сты. Ныртæккæ йе `ргом раздæхта бæхтыл дæрддзæфмæ дугъ кæнынмæ. Уыцы спорты хуызæй ныртæккæ нæ республикæйы ничи архайы. Гегкийы-фыртæн та йæ цыппар барæджы, сæрмагонд фæлварæн радтыны фæстæ, систы Уæрæсейы Бæхты спорты Федерацийы уæнгтæ, ацы спорты хуызæй.

Чегаты Клим: «Сывæллæттæ ардæм цæуын куы райдыдтой, уæд скъолайы дæр сæ ахуыр фæхуыздæр. Руслан сæ домы, цæмæй фыццаджыдæр сæ ахуыры хъуыддаг кæной, уый фæстæ та тренировкæтæ. Фæнды йæ майы кæрон сывæллæтты ерыстæм акæнын. Цæудзысты Мæскуыйы облæсты. Уырдæм ацæуынæн дзæвгар фæрæзтæ хъæуы, æмæ хорз уаид, исчи нын куы баххуыс кæнид,уæд».

Бæхтыл цæуыны спорты мастер йæ 72 азмæ у уæнгрог, ис æм бирæ фæндтæ æмæ бæллицтæ. Кæд 13 азы йæ райгуырæн Ирыстоны нæ цард, уæддæр йæ хъуыдытæ æдзухдæр уыимæ баст уыдысты. Абон сæрыстыр у, фæстæмæ йæ фыдæлты зæххыл кæй æрбынат кодта, уымæй. Æмæ йæ уырны, бирæ хъуыддæгтæ саразын ма йын кæй бантысдзæн, уый.

Геккиты Руслан, спорты мастер: «Фæнды мæ, цæмæй мæ фæстæ иу цалдæр лæппуйы баззайа ацы спорты хуызы. Мæ бон куыд уа, афтæ сыл бацархайдзынæн».

Ныртæккæ æппæт хъуыддæгтæ дæр Руслан кæны йæхи хъарутæй. Цыппар бæхмæ зилын æнцон нæу. Зоны йæ, цæмæй ерысты архайой цалдæрæй, уымæн саргътæ дæр æмæ иннæ гæнæнтæ дæр хъуамæ уой æмбæлгæ уагыл. Æмæ уæд йæ сомбон абонæй æнтыстджындæр уыдзæн.

Сосранты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania