Æрæфы районы хæххон хъæу Фæсналæн йе рвылбоны царды нывтæ сты историон аивадон кинонывы хуызæн. Нуазыны донмæ хъæуы дыууæ километры цæуын.

Ам историон киноныв нæ исынц. Хæххон хъæу Фæсналæн сты йе рвылбоны царды нывтæ. 86-аздзыд Мæрзойты Зойæ алы бон дондзау ауылты фæцæуы.
Мæрзойты Зойæ, Фæсналы цæрæг: «Мæ бон кæдмæ уа, уæдмæ хæсдзынæн. Куы нал уа, уæд нал. Лæппутæ нæхимæ куы вæййынц, уæд уыдон æрбахæссынц дон, фæлæ куы нæ вæййынц, уæд мæхæдæг. Зыр-зыргæнгæ фæцæуын, 5 раны æрлæууын, 5 раны сбадын, баулæфын æмæ та ацæуын. Нæ дон нуазынмæ нæ бæззы».
Нуазыны донмæ хъæуы дыууæ километры цæуын. Зæронд дондзæуæн системæ рагæй нал кусы. 12-аздзыд Къомайты Таймураз суадонæй дон æрбаласы хъæуы цæрджытæн се ппæтæн дæр. Уæвгæ Фæсналы канд донимæ къуылымпытæ нæй. Зындзинæдтæ æййафынц транспорты фарстайæ дæр. Автобус сæм цæуы къуыри дыууæ боны. Уыимæ бахæццæ вæййы æрмæстдæр Мацутæмæ.
Къомайты Фатимæ, Фæсналы цæрæг: «Хуыцау нын иу хорздзинад радта, æмæ нæм ГЭС ис. Æмæ дзы радхæссæг машинæ ис. Уый фæрцы адæм цæуынц, кæдæм сæ хъæуы, уырдæм».
Фаснайлæгтæ цæрынц хицæнæй. Нæй сæм дукани, хæстæгдæр афтекмæ та сæ цæуын хъæуы Цыколамæ. Скъоладзауты чи ласа, ахæм тарнспорт нæй. Уæдæ телеуынады, интернеты æмæ æрдзон газы кой нал кæнынц. Æрбаласгæ газы иу баллоны аргъ у 500 сомы. Зынтæй сфæг вæййы 2 къуырийæн. Уымæ гæсгæ фылдæр пайда кæнынц сугтæй. Фарон Æрæфы районы райдыдтой электрон тыхдæттæг телтæ ивын, фæлæ Фæсналмæ уыцы куыст нæ бахæццæ. Уымæ гæсгæ хæххон хъæуы рухс вæййы къуылымпытимæ.
Хæтæгты Таймураз, Фæсналы цæрæг «Хъæуы уынгты рухс нæй. Æдзæрæг хъæуы хуызæн. Изæры куы цæуай, уæд æрмæстдæр рухсгæнæнимæ. Уæдæ рынчын куы уа, уæд бынтон æвзæр. Бастдзинад дæр нæм нæй».
Цæрджытæн зæгъынц, сæйрагдæр нын у дон æрбауадзын. Уымæн та бахъæудзæн 500 мин сомы.
Синаты Астан, Мæхческы администрацийы сæргълæууæг: «Республикæ нæм куы нæ фæкæса, уæд районы бон уыйбæрц ницы у. Зын уавæры стæм. Хæстæ дæр бирæ дарæм».
Районы администрацийы зæгъынц, Фæсналы дондзæуæн системæ ивдзысты. Уый тыххæй курдиат ныффыстой республикæйы хицауадмæ. Архайын райдайдзысты газ бауадзыны фарстайыл дæр.
Махъоты Алыксандр, Æрæфы районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг: «Газы хабар афтæ у, æмæ нæ нысанты ис Калухæй Дзинагайы онг газ бауадзын. Уый фæстæ Фæсналы онг. Фарста сæвæрдтам Хицауады раз».
Фæснал ма хаст æрцыд хъæууон хæдзарады министрады республикон программæмæ дæр. Арæзт у æртæ азæн. Фæлæ министрады куыд зæгъынц, афтæмæй уал сын ныртæккæ фадат ис рæстæгмæйы дондзæуæн скæнынæн. Уый тыххæй районы æмæ хъæуы администрацийы сæргълæуджыты курдиат ныффыссын хъæуы арæзтады министрадмæ.
Гæмосты Станислав, хъæууон хæдзарады министрады бындурон цалцæджы управленийы хицауы хæдивæг: «Уыцы хабар махæн дæр хъуыстгонд у. Министрады пълæнтты уыцы куыстытæ сты. Сæ курдиæттæ ныффыссæд министрадмæ, æмæ сын уæд сæ хъуыддæгтæ скæндзыстæм».
Бынæттон разамынды хæс ма у транспорты фарста алыг кæнын дæр. Сæрды ралæудимæ бæлццæтты нымæц дзæвгар фæфылдæр вæййы, æмæ уымæ гæсгæ автобустæ дæр хъуамæ арæхдæр цæуой. Фæлæ уæддæр фæснайлæгты ласдзысты æрмæстдæр Мацутæйы онг.
Фидараты Маринæ
