филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:55 понедельник, 20 мая 2024
25 апреля 2014, 11:10
Æрæфы районы хуыйæн фабрикæ ныр цалдæр азы пайда кæны нанотехнологиты æххуысæй конд хъуымæцтæй

Цæттæ дзы кæнынц кусæн уæлæдарæс. Сæ хæрзхъæд дзаумæттæ сын æлхæнынц канд республикæйы куыстуæттæ нæ, фæлæ ма Уæрæсейы æндæр регионты дæр.

Æрæфы районы хуыйæн фабрикæ ныр цалдæр азы пайда кæны нанотехнологиты æххуысæй конд хъуымæцтæй
Цæттæ дзы кæнынц кусæн уæлæдарæс. Сæ хæрзхъæд дзаумæттæ сын æлхæнынц канд республикæйы куыстуæттæ нæ, фæлæ ма Уæрæсейы æндæр регионты дæр.

Алыхуызон уæлæдарæс заводтæн, фабрикæтæн æмæ куыстуæттæн. Хуадонты Зæирæ дæсны кусæг у, ам фæллой кæны 34 азы. Куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ фабрикæ у раззагдæртæй иу. Фæлæ уыд ахæм рæстæг дæр, æмæ сын æнцон кусæн нæ уыд – рацарæзт, зын рæстæг, фæлæ фабрикæ нæ фæцудыдта æмæ ныр дæр архайы.

Хуадонты Зæирæ, хуыйæг: «Алыхуызон заказтæ хуыйæм, бирæ алыхуызон дзаумæттæ кæнæм. Сæрдыгон дæр, зымæгон дæр. Къурткæтæ, жилеттæ, комбинезонтæ, бирæтæ æлхæнынц махмæ».

Фабрикæйы кусæн уæлæдарæс хуыйынц сæрмагонд хъуымæцтæй. Уыдон арæзтады пайда кæнынц, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм мадзæлттæй – нанотехнологитæй.
чи кусы, уыдонæн».
Æрæфы районы хуыйæн фабрикæйы генералон директор Таухъазахты Ирбег куыд зæгъы, афтæмæй алы куыстуаты архайд дæр равзарынц, æмæ уæд уый фæстæ сбæрæг кæнынц, цавæр хъуымацæй сын хуыйдзысты уæлæдарæс, уый. Фыццаджыдæр хъуамæ уа æнцонархайд, стæй дарынæн дæр æнцон.

Таухъазахты Ирбег, Æрæфы районы хуыйæн фабрикæйы генералон директор: «Ныртæккæ фабрикæ кусы бирæ хъуымæцтимæ. Уыдонæн сæ фылдæрæн ис сæрмагонд фадæттæ. Ис дзы антистатикон хъуымæцтæ, кислота, неф, маслæты ныхмæ чи сты, уаргæ бон даргæ чи у, ахæм хъуымæцтимæ дæр кусæм. Мах хуыйæм сæрмагонд дарæс, æрвитæм сæм Уæрæсейы регионтæм, Дард Скæсæнæй райдай, Мæскуы Санкт-петербург, Урал, стæй нæхи Ирыстоны куыстуæттæн бæр бирæ хуыйæм».

Фабрикæйы ис, æндахæй нывæфтыдтæ кæм кæнынц, ахæм цех дæр. Уыцы хъуыддаг тынг цæуы куыстуæтты зæрдæмæ. Ис сын сæ логотип уæлæдарæсыл саразыны фадат.

Фыццаг уал лиготипыл бакусынц компьютеры. Æмæ йæ уый фæстæ райдайынц хуыйæн машинæйыл аразын. Логотиптæ вæййынц алыхуызон сæ асмæ гæсгæ, стæй сыл куыд зын бакусæн у, уымæ гæсгæ дæр. Зæгъæм, мæнæ ахæм».

Куыстуаты фæлтæрдджын кусджытимæ иумæ фæллой кæнынц æрыгон специалисттæ дæр. Афæдзмæ сæххæст кæнынц 150-200 заказы бæрц. Уыдонæн сæ 90 процент æрвыст цæуынц алы регионтæм.

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania