филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:47 понедельник, 08 июля 2024
29 августа 2014, 11:18
Æрххæццæ кæнынц Беслæны æвирхъау цаутæ мысæн бонтæ

10 азы размæ Ирыстоны цæрджытæ æвдисæн цы фыдбæллæхæн уыдысты, уый абон дæр нæй ферох кæнæн. Терористты амæттаг цы чысыл сабитæ баисты, уыдоны рухс нæмттæ стъалытау æрттивынц арвыл.

73915

10 азы размæ Ирыстоны цæрджытæ æвдисæн цы фыдбæллæхæн уыдысты, уый абон дæр нæй ферох кæнæн. Терористты амæттаг цы чысыл сабитæ баисты, уыдоны рухс нæмттæ стъалытау æрттивынц арвыл. Маматы Сабинæ уæд, 2004-æм азы хъуамæ бацыдаид 9-æм къласмæ. Фæлæ, хъыгагæн, уый йæ къухы нал бафтыд.
Ныр 10 азы Маматы Сабинæйы мад Фатимæйæн йæ зæрдæйы сты 2004-æм азы уæззау цаутæ. Йæ иунæг чызг – рæсугъд, хъæлдзæг, зæрдæхæлар сывæллон хъуамæ бацыдаид 9-æм къласмæ. Фыццæгæм сентябры бæрæгбонмæ сæхи иумæ цæттæ кодтой Сабинæ, стæй йæ мад Фатимæ дæр – интернаты педагог. Чызгæн цæмæдæр уæлдай ахсджиаг уыд уыцы бон.
Къуыллыты Фатимæ, Маматы Сабинæйы мад: «Уыцы аз æндæрхуызон сси, æвиппайды мæнæ æцæг чызы хуызæн сси, мæнæ йæ цыма зонгæ кодта, мæнæ дидинæг куыд ракалы. Æз дæр уыцы райсом мæхи цæттæ кодтон, скхоламæ цыдтæн, махмæ дæр хъуамæ линæйк уыдаид, æмæ йын загътон, Сабинæ, мукуыдæм зæгъъын иу ацу, лдинейкæй фæстæ иу нæхимæ рацу. Æмæ уыцы райсом цахæм цин кодта. Йæхимæ кæсæнмæ кæсынæй не фсæстист. Абон дам цы рæсугъд дæн, æмæ ма цын афтæ дæр загътон, абон зæгъын иууылдæр дæумæ кæсдзысты».
Фæлæ, хъыгагæн цы хъуыдытæ уыдысты уæд адæмы зæрдæты, уыдон нæ сæххæст сты. 3 боны сывæллæттæ, сæ ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ бавзæрстой, нырмæ зæххыл чи не рцыд, ахæм хъизæмæрттæ. Абон дæр уыдон рох не сты æнæхъæн дунейы црджытæй. Сабинæйы ныййарджытæ уыцы рæстæг, куыд Беслæны цæрджытæ се ппæт, æнхъæлмæ кастысты хъуыддаджы хорз кæронбæттæнмæ. Сабинæйы фыд Константин дæр уыд, сывæллæтты штурмы фæстæ чи ирвæзын кодта, уыдон хсæн. Йæ цардæй фылдæр цы чызджы уарзта, уый ссардта æмæ йæ рахаста сколайæ, арвыста йæ иннæтимæ рынчындонмæ, фæлæ йæ уый фæстæ сæ бон ссарын нал бантыст.
Къуыллыты Фатимæ, Маматы Сабинæйы мад: «Йæ фыд загъта, рахастон æй, рацыдыстæм, æгас у, æмæ йæм уал алы æнхъæлмæ кæсны æмæ ницы. Ростовæй йæ сластой мæйы фæстæ æмæ йæ 11 октябры баныгæдтон».
Сабинæйы фыд Константин уыцы зæрдæхадæхалæн цаутæн нæ бафæрæзта æмæ фæрынчын уæззау низæй. Дыууæ азы размæ йæ цардæй ахицæн. Скъолайы баззад Сабинæйы æмкъласон, йæ хæлар Маликъиты Арсен дæр.
Къуыллыты Фатимæ, Маматы Сабинæйы мад: «Арсен ныв кæнын нæ зыдта, æмæ йын-иу Сабинæ ныв кодта, йæ бæсты. Изæрыдæр, райсомæй дæри у ардæм æрбацыд. Рудзынджы бынты иу куы æрбацæй тахтис, уæд иу, йæ дзыккутæ сырхбын бур уыдысты, æмæ та иу Сабинæ афтæ – опять он бежит ко мне, афтæ иу бакодта».
10 азы дæргъы скъоламæ бацæуын йæ зæрдæ бакуымдта æрмæстдæр иунæг хатт. Фатимæйæн тынг зын уыд йæхи ногæй цардмæ раздахын. Йæ мкусджытæ, Беслæны интернаты педагогтæ иумæйагæй архайдтой Фатимæйæн æххуыс кæныныл.
Тебиаты Беллæ, Къуыллыты Фатимæйы æмкусæг: «Тынг бирæ рæстæг йæ бон нæ уыдис куыстмæ рацæуын, фæлæ, æвæццæгæн, йæхиуыл дæр кæмдæр фæуæлахиз ис, йæ уыцы æнкъарæнтыл. Сывæллæттæ дæр ын тых тынг тæддынц, афтæ йæ куыстмæ йе ргом раздæхта, æмæ абон Фатмиæ æвæццæгæн у нæ коллективы хуыздæр кусджытæй иу. Тынг зæдæргъæвдæй кусы. Скодта куклаты театр-студи, сывæллæттæн сæ зæрдæмæ цæуы. Ацæуынц рæвдауæндæттæм, æмæ равдиснц сæ арæхтдзинад».
Абон Фатимæ цы сывæллæттимæ кусы, уыдонæн æнæвгъауæй лæвар кæны йæ уды хъарм. Æвæццæгæн æмæ йæ зæрдæхæлар æмæ хуры хуызæн райдзаст сывæллон Сабинæйы бæсты дæр.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania