филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:00 суббота, 18 мая 2024
20 августа 2014, 11:54
Æркæсинаг фарста у республикæйы арæнтыл машинæты цыд

Сусæггаг нæу контролон уадзæн пункты бæлцæттæ цас рæстæг схардз кæнынц, уый. Ис ын бæлвырд аххосæгтæ, зæгъынц таможняйы кусджытæ æмæ арæнхъахъхъæнджытæ.

73796
Сусæггаг нæу контролон уадзæн пункты бæлцæттæ цас рæстæг схардз кæнынц, уый. Ис ын бæлвырд аххосæгтæ, зæгъынц таможняйы кусджытæ æмæ арæнхъахъхъæнджытæ.

Бон сихорафон. Дæллаг Зæрæмæджы конторолон уадзæн пункт. Æрвылбон йæ арæнтыл ахизы мин машинæйæ фылдæр. Роман цæуы Хуссар Ирыстонæй Уæрæсемæ æмæ хъаст кæны, рады йæ бирæ лæууын кæй хъæуы, уымæй.

Уыцы рады ма лæууы Хъæцмæзты Альберт дæр. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ арæх бахъæуы ауылты цæуын æмæ арæнхъахъхъæнджыты куыстæй у разы. Зæгъы….

Хъæцмæзты Альберт, шофыр: «Куыд бахауай уымæ гæсгæ у. Афтæ вæйы æмæ бирæ машинæтæ куы вæййы, уæд 3 радæй уадзынц. Хорз, хорз…æвзæр зæгъæн нæй».

Машинæтæ иууылдæр иумæ æрбамбырд вæййынц. 30 минуты цæуынц иуырдæм, 30 минуты та иннæрдæм. 15 минуты бахъæуы машинæ басгарынæн, 2 минуты та шофыр æмæ пассажирты гæххæттытæ сбæлвырд кæнынæн. Уæлдай фылдæр машинæтæ дзы æрбамбырд вæййы изæры 5 сахатæй 8 сахатмæ.

Ноджыма ис иу аххосаг ацы контролон уадзæн пункыл суткæмæ хъуамæ мин машинæйы ма цæуа, фæлæ 500.

Ауылты Уæрæсейæ Хуссар Ирыстонмæ ласынц арæзтадон æрмæджытæ æмæ хойраг дæр. Нормæмæ гæсгæ ахæм машинæтæ мидæмæ куы цæуой, уæд сæ гæххæттытæ сбæрæг кæнынмæ, стæй сæ басгарынмæ хъæуы суткæ æмæ æрдæг. Бæстæйæ товар чи ласы уыдоны та 4 боны. Таможняйы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй архайынц сæ размæ æвæрд хæстæ рæвдзæдæр æххæст кæныныл..

Тедтойты Чермен, Дæллаг Зæрæмæджы таможняйы посты хицауы хæдивæг: «Нæ таможнийы посты стыр уæзласæн машинæтæ арæх цæуынц, стыр арæзтад цæуы Хуссар Ирыстоны æртæккæ. Ласынц хойраг дæр. Æмæ æдтæмæ цы машинæтæ цæуынц, Хуссарырдæм, уыдонæн рæстæг хъæуы 4 сахаты уонг. Арæх афтæ рауайы æмæ цалдæр машинæйы иумæ æрбацæуынц, сæ гæххæттытæ иумæ æрбадæттынц æмæ уæд кæй зæгъынæй хъæуы бафæстиат вæййынц, махæн нæ хæс у, гæнæн æмæ амалæй къаддæр куыд лæууой æнæхъуаджы адæм, ууыл».

Бæрæггæнтæм гæсгæ æрмæст июлы арæнты ацыд 130 мин адæймаджы æмæ 40 мин машинæйæ фылдæр, уый фароны июлы мæимæ абаргæйæ у фылдæр.

Моргуаты Ладæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania