филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:51 среда, 17 декабря 2025
17 апреля 2018, 12:29
Æрмæст ацы мæй джыбыты хæцты фæстæ медицинон æххуыс бацагуырдтой 25 адæймаджы

Сæ фылдæр сты цæхæрадæтты æмбалæдты цæрджытæ.

Æрмæст ацы мæй джыбыты хæцты фæстæ медицинон æххуыс бацагуырдтой 25 адæймаджы

Æрмæст ацы мæй джыбыты хæцты фæстæ медицинон
æххуыс бацагуырдтой 25 адæймаджы. Сæ фылдæр сты цæхæрадæтты æмбалæдты цæрджытæ.
Уыимæ хъаст кæнынц, зымæджы дæр сæ кæй тыхсын кодтой, уымæй. Специалисттæ
зæгъынц уый баст у, зымæг хъарм кæй уыд, уыимæ. Джыбытæ цы рæтты сæвзæрынц, æмæ
семæ куыд тох цæуы, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтыхъты Фатимæ.

Ныртæккæ Засеты хæдзары цæры æртæ
адæймаджы. Уыдонæй алчидæр йæхиуыл бавзæрста джыбыйы хæцт. Уыцы ныхæстæн
æвдисæн – сыхæгтæ.

Цæхæрадæтты æмбалады зианхæссæг
зулчъытæн ис æппæт фадæттæ дæр, цæмæй парахат кæной. Уæрагмæ кæрдæг, пыхсыты,
бырондæтты, дзæгъæл зæххы хæйтты астæу сын æнæфæзынгæ нæй. Уæвгæ зианхæссæг
зулчъытимæ тох кæнынц, йæ бон кæмæн куыд у, афтæ. Чи йæ зæххы хаймæ зилы,
кæрдæг æмæ йæ пыхсытæй сыгъдæг кæны, чи та сæ химион мæргтæй мары.

Джыбытæ æрмæст цæхæрадæтты æмбаладты
цæрджытæн тæссаг не сты. Республикæйы цæрджытæй иунæг дæр хызт нæу джыбыйы
хæцтæй, уый тыххæй хъуамæ адæм уой къæрцхъусдæр. Æрдзы хъæбысы улæфгæйæ, гæнæн ис, æмæ дæ ссара джыбы науæд
æндæр зианхæссæг зулкъ. Уыдон æмбæхсынц бæласы къалиутыл, кæрдæджы, стæй ма
цæрæгойты буарыл дæр. Джыбыйы бон у адæймаджы буармæ бахæссын тæссаг низ.

 

Адæймаджы
бон иунæгæй бирæ нæу. Уыцы фыдбылызимæ хъæуы иумæйагæй тох кæнын. Уый
тыххæй æрдзы хъæбысы, хъæдты, доныбылты
хъæуы бæлвырд æххæст кæнын æдасдзинады домæнтæ. Дарын æхгæд дарæс, гæнæн куыд
уа, афтæ хæстæг ма цæуын арф кæрдæг, пыхсытæм, къудзитæм. Хæдзармæ куы
æрбацæуай, уæд та хъæуы раласын уæлæдарæс æмæ спайда кæнын зулчъыты ныхмæ
фæрæзтæй. Джыбы спарахат вæййы майы æмæ июны. Уымæ гæсгæ уыцы мæйты уæхи уæлдай
тынгдæр хъахъхъæнут. Фæлæ уыл кæд джыбы уæддæр фæхæцыд, уæд æнæмæнг бацагурут
дохтыры æххуыс.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania