филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:00 суббота, 21 сентября 2024
02 июля 2014, 11:26
Æрмдæсны Гобаты Валентинæ адæмы размæ рахаста йæ нывты коллекции

Сæ фылдæр сты æрдзы нывтæ, дины фæлгонцтæ, национ символикæ. Ацы дæсныйад курдиатджын сылгоймаг равзæрста фæндзай азы размæ. Йæ конд дзаумæттæй йын алкæцыдæр зынаргъ у,

73238
Сæ фылдæр сты æрдзы нывтæ, дины фæлгонцтæ, национ символикæ. Ацы дæсныйад курдиатджын сылгоймаг равзæрста фæндзай азы размæ. Йæ конд дзаумæттæй йын алкæцыдæр зынаргъ у, уымæн æмæ дзы бавæры йæ уд. Хуыйын æмæ нывæфтыдтæ кæнын Валентинæ райдыдта 5-аздзыдæй. Арæх æй æрхъуыды кæны, раздæр ын хъуымæцтæ ссарын куыд зын уыди, уый. Хатгай-иу æндæхтæ дæр раласта зæронд дзаумæттæй. Абон мын зынгæ фенцондæр и, – зæгъы æрмдæсны. Дуканиты алцыдæр ис. Куыд дзуры, афтæмæй сфæлдыстадæй хуыздæр ницы ис. Адæймагæн йæ миддуне кæны хъæздыгдæр, сыгъдæгдæр æмæ рæсугъддæр. Кæд Валентинæ йæ царды зындзинæдтæ бавзæрста, уæддæр абон йæ фарсмæ сты йæ фырт, йæ чызг æмæ сæ цот. Стæй йæ хæстæджытæ æмæ йæ сыхæгтæ. Сæ уарзон хистæрæн кæнынц стыр кад. Уый та сын лæвар кæны йæ куыстытæ. Йæ нывтæ никуы банымадта. Æмæ йын уарзондæр кæцы у, уый нæ зоны. Ныртæккæ та æртæ мæйæ фылдæр кусы Сыгъдæг Георгийы сурæт саразыныл. Æмæ йæ балæвар кæндзæн йæ хъæбулы хъæбулæн.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania