Æртыккаг къуыри Тæбæхсæуты Балойы уынджы фæлладуадзæн фæзы цæуынц арæзтадон кусыстытæ. Сыхаг хæдзæртты цæрджыты тыхсын кæны, парчыуылты ирхæфсæн комплексмæ фæндаг арæзт кæй æрцæудзæн, уыцы хъуыддаг.
Ацы парк у Тæбæхсæуты Балойы уынджы цæрджыты уарзондæр бынат. Гæздæнты Аллæ йæ фæллад уадзынмæ ардæм æрбацæуы алы бон дæр. Куы федта, бæлæстæ акалдтой, фæндаг скъахтой, бандæттæ айстой, уый, уæд æй уый тынг масты бафтыдта. Куыд иннæ цæрджытæ, афтæ Аллæ дæр тыхсы фæлладуадзæн фæзы фидæныл.
Гæздæнты Аллæ: «Нæ нæ фæнды, цæмæй дзы фæндаг уа, уый. Уымæн æмæ сывæллæттæ, зæрæдтæ, иууылдæр ам сæ фæллад уадзынц. Æмæ сывæллæттæ хъазынц, ам та машинæ цæудзæн. Фыдбылызæй хызт куыд уæм, уый нæ фæнды».
Санаты Нинæ: «Ардæм нæ лæг æрбацæуы йæ фæллад суадзынмæ. Рынчын чи вæййы, уый дæр ардæм æрбацæуы. Ныр та ма кæм хъуамæ бадæм, машинæты тæфмæ».
Горæты администрацийы бамбарын кодтой, æппæт куыстытæ парктæ саив кæныны программæмæ гæсгæ конд кæй цæуынц, уый. Амалхъомдзинады æмæ инвестицион проекттæн æххуысы управленийы хицау Дзоблаты Зураб равдыста, фæлладуадзæн фæз цавæр уыдзæн, уый.
Дзоблаты Зураб, Дзæуджыхъæуы администрацийы амалхъомдзинады æмæ инвестицион проекттæн æххуысы управленийы хицау: 22.48-22.57 «Æмбарын, цæрджытæ цæуыл тыхсынц, уый. Мæ бон зæгъын у, уыцы парчы кæй нæ уыдзæн машинæтæн фæндаг, уый. Уымæй уæлдай мæ бон у зæгъын, æппæт куыстытæ цæуынц уыцы парк саив кæныны тыххæй».
Арæзтадон куыстытæ цæуынц æртыккаг къуыри. Зæронд бæлæстæ калд æрцыдысты, адæмæн тæссаг кæй уыдысты, уый тыххæй. Сæ бынаты ныссаддзысты ногтæ. Ныртæккæ аразынц бордюртæ, сыгъдæг кæнынц фæндаг. Æвæрд ыл æрцæудзæн плиткæ. Горæты администрацийы куыд загътой, афтæмæй парчы сæвæрдзысты сæрмагонд баннер. Уыдзæн дзы фæлладуадзæн фæзы райрæзты тыххæй информаци.
Ацы парчы бæсты ам фæзындзæн фæллауадзæн бынат горæты цæрджытæн. Уыдзæн дзы спортивон æмæ сывæллæттæн хъазæн фæзтæ, фонтан, къахвæндæгтæ. Æппæт куыстытæ фæнд кæнынц фæуын сæрдмæ.
Хъайтмазты Дзерассæ




