филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:25 суббота, 04 мая 2024
16 апреля 2013, 17:24
Æрвылаз апрелы æмæ майы Дзæуджыхъæуы арæзт æрцæуы сыгъдæгдзинады мæйон

Горæты куыстуæтты, ахуыргæнæндæтты æмæ организациты минæвæрттæ рацæуынц æмæ ссыгъдæг кæнынц фæлладуадзæн бынæттæ, уынгтæ.

Абон дæр кæд уазал уыд, уæддæр Терчы был фенæн уыд базарадон-экономикон техникумы студентты.

Æрвылаз апрелы æмæ майы Дзæуджыхъæуы арæзт æрцæуы сыгъдæгдзинады мæйон
Æрвылаз апрелы æмæ майы Дзæуджыхъæуы арæзт æрцæуы сыгъдæгдзинады мæйон. Горæты куыстуæтты, ахуыргæнæндæтты æмæ организациты минæвæрттæ рацæуынц æмæ ссыгъдæг кæнынц фæлладуадзæн бынæттæ, уынгтæ.

Абон дæр кæд уазал уыд, уæддæр Терчы был фенæн уыд базарадон-экономикон техникумы студентты. 50 ахуыргæнинаджы сæ хæсыл банымадтой Терчы былгæрон Кировы уынгæй Толстойы уынджы онг ссыгъдæг кæнын. Сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй арæх фæцæуынц ауылты æмæ сын хъыг у, ахæм чъизи уавæры кæй ис, уый.

Дзæуджыхъæуы Рахизфарсы администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй, мæйон кæд бирæ рæстæг нæма цæуы, уæддæр ныридæгæн æфснайд æрцыдысты Тельмæны æмæ Пожарскийы уынгты тигъыл сквер, Черменмæ фæндаджы алыварс æмæ дзы цы промышленнон зонæ ис, уый. Ссыгъдæг кодтой сæ районы æппæт центрон уынгтæ, фæндæгтæ. Ахæм куыст цæудзæн дарддæр дæр.

Битарты Альбинæ: «Горæт рæсугъд куыд нæу, фæлæ адæм куы фæцæуынц, уæд бырон кæнынц. Æмæ уый рæсугъд нæу. Мах æрбацыдыстæм, цæмæй бафснайæм, цæмæй адæм уыной, куыд æфснайæм, уый. Æмæ чъизи дæр уыйбæрц мауал кæной. Горæт дæр нæ хæдзар у, æмæ нæхи хæдзары куыд вæййæм, нæ горæтмæ дæр афтæ зилæм».

Санахъоты Юрий, Дзæуджыхъæуы Рахизфарсы администрацийы хайады хицау: «Фæсивæды рæсугъддзинад æмæ æгъдау зыны горæты сыгъдæгдзинадыл. Кæд сыгъдæг уæм, уæд уый уыдонæй аразгæ у. Нæ фæсивæд та сты уæздан æмæ дзæбæх. Рæсугъдæй хæссынц сæ хистæрты фæдзæхст. Æмбарынц æй, уыдон кæй цæрдзысты ам, уый. Уыдон кæй сты нæ фидæн. Æмæ хъуамæ сахуыр уой сæ горæтмæ кæсын. Сыгъдæг æй дарын. Цы горæты цæрынц, уым рæсугъддзинæдтæ æмæ сыгъдæгдзинад аразын».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania