филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:13 суббота, 21 сентября 2024
18 сентября 2014, 11:15
Æрвылаз УФ-йы мидхъуыддæгты министрад саразы Æппæтуæрæсеон конкурс «Народный участковый»

Ацы аз райдыдта сентябры. Хуынд æм чи рцыд, уыдоны хсæн ис участокмæ æххæстбарджын хистæр цæстдарæг Цыбырты Тамерлан дæр.

Кæм кусы, уыцы районы йæ зонынц се ппæт дæр. Уый дæр сæ зоны номæй – номмæ. Цы машинæтæ сæм ис, кæм кусынц, суанг ма сæм хæдзары цы цæрæгойтæ ис, уый дæр. Тамерлан та йæхицæн сæвæрдта хæс – адæмæн пайда хæссын. Сæ сабырдзинад æмæ æдасдзинад сын хъахъхъæнын.

74295
Æрвылаз УФ-йы мидхъуыддæгты министрад саразы Æппæтуæрæсеон конкурс «Народный участковый». Ацы аз райдыдта сентябры. Хуынд æм чи рцыд, уыдоны хсæн ис участокмæ æххæстбарджын хистæр цæстдарæг Цыбырты Тамерлан дæр.

Кæм кусы, уыцы районы йæ зонынц се ппæт дæр. Уый дæр сæ зоны номæй – номмæ. Цы машинæтæ сæм ис, кæм кусынц, суанг ма сæм хæдзары цы цæрæгойтæ ис, уый дæр. Тамерлан та йæхицæн сæвæрдта хæс – адæмæн пайда хæссын. Сæ сабырдзинад æмæ æдасдзинад сын хъахъхъæнын.

Цыбырты Тамерланы кусгæ бон райсомы 9 сахатыл райдайы. Æрвылбон æрзил, йæ бæрны цы микрорайон ис, уый хæдзæрттыл. Бæрæг кæны фатертæ. Ныхас кæны цæрджытимæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй – бабæрæг кæны адæмы.

Пъæлицæйы хистæр æххæстбарджын, участокмæ цæстдарæг Цыбырты Тамерлан кусы 14 азы бæрц.

«Пъæлицæйы участковый» кæй хонынц, уыцы куыст бирæтæ зонынц. Фæлæ бирæ районты цæрджытæ уымæй нæ раппæлдзысты æмæ йæ хуызмæ дæр хорз зонынц.

Цыбырты Тамерлан кæм кусы, уыцы районы та йæ зонынц се ппæт дæр. Уый дæр сæ зоны номæй – номмæ. Цы машинæтæ сæм ис, кæм кусынц, суанг ма сæм хæдзары цы цæрæгойтæ ис, уый дæр.

Æрвылаз УФ-йы мидхъуыддæгты министрад саразы Æппæтуæрæсеон конкурс «Народный участковый». Ацы аз райдыдта сентябры. Куыд хуыздæр кусæг æмæ йæм æрвыст æрцыд Цыбырты Тамерлан дæр. Кæм кусы, уыцы участочы йæ куы базыдтой Тамерлан уым архайдзæн, уый, уæд ыл тынг бацин кодтой.

Тамерлан йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй участокмæ цæстдарæг пъæлицæйы кусæг æппæты фыццаг се ппæтæн дæр хъуамæ уа хорз æмбал. Кæстæр хъаст кæмæ бахæсса, æмгæрттæ кæуыл æууæндынц, хистæртæн ныфс чи у, ахæм.

Ацы лæппу йæхицæн сæвæрдта хæс – адæмæн пайда хæссын. Сæ сабырдзинад æмæ æдасдзинад сын хъахъхъæнын. йæ цæст кæмæ дары, уыдон дзы сты тынг разы. Æмæ сæ зæрдæ дарынц æппæтуæрæсеон конкурсæй уæлахизимæ кæй сыздæхдзæн, ууыл.

Бутаты Хъазыбег

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania