Журналистты æмæ интернетæй пайдагæнджыты фæрстытæн дзуапп лæвæрдта хицауады сæрдары хæдивæг Габысаты Констатин.
Ныхас цыд республикæйы экономикæйы рæзтыл
Журналистты æмæ интернетæй пайдагæнджыты фæрстытæн дзуапп лæвæрдта хицауады сæрдары хæдивæг Габысаты Констатин.
Ныхас цыд республикæйы экономикæйы
рæзтыл, энергетикæйы æмæ артаджы, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ
æндæр ахсджиаг фарстатыл. Габысаты Константин куыд загъта, афтæмæй нæ
республикæ хъармгæнæн сезонмæ цæттæ у нæуæдз аст проценты. Ныридæгæн
хъарм радтой цалдæр бирæфатерон хæдзармæ. Адæмы тынгдæр тыхсын кæнынц
бæрзонд тарифтæ, стæй разамынддæттæг компанитæ æхца куыд хардз кæнынц,
уый бæлвырд бæрæггонд кæй нæ цæуы, уый. Хицауады сæрдары хæдивæг куыд
загъта, афтæмæй арæзт æрцæудзæн кусæг къорд. Уый бæлвырддæр кæсдзæн ахæм
компаниты архайдмæ.




