Хъæууон хæдзарады зæххытæ, коммуналон лæггæдтæ, фæндæгты уавæр, куысты бынæттæ кæй нæ фаг кæны, уый, æмæ ма бирæ æндæр социалон фарстатыл ныхас цыди, Æрыдоны цы
Æрыдоны районы 400 цæрæгæй фылдæр рацыдысты культурæйы Галуаны цур фæзмæ, цæмæй зæгъой сæ хъуыдытæ, районы разамынды куыстæй разы кæй не сты, уый тыххæй.
Митинджы архайджытæ домдтой фæсивæдæн куысты бынæттæ скæнын, уæгъд бынæттæ кæм ис, уырдæм æндæр районты цæрджыты нæ, фæлæ бынæттон специалистты исын, хъæууонхæдзарадон зæххыты фарстамæ æркæсын, арендæйы сæ сыхаг хъæуты зæххкуссджытæн кæй радтой, уымæй разы не сты.
Æмбырд аразджытæ бафиппайдтой, медицинон лæггæдты хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнын кæй хъæуы, уый дæр. Цæрджытæм фыццаг рацыди Æрыдоны мэр Мæргъиты Артур. Фæлæ йын куыд загътой, афтæмæй уый равзæрстой адæм сæхæдæг, æмæ сæм йæ куыстмæ фаутæ нæй.
Æмбырд сахат æмæ рдæг цыди афтæмæй адæмы риссагдæр фарстатæн дзуапп радтынмæ рацыди Æрыдоны районы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Мæрзаты Владислав. Уый радзырдта Æрыдоны районы сæргълæууæг Гусаты Тамерланимæ се мгуыстады ахастдзинæдты цы зындзинæдтæ ис, уый тыххæй. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ парламентон къамис Æрыдоны район куы бабæрæг кодта, уæд Мæрзаты Владиславы куыст хорзыл нæ банымадта. Фæлæ уыимæ цæрджытæй бирæтæ не сразы сты. Уый нæ, фæлæ ма дзы кæйдæрты бафæндыд, республикæйы сæргълæууæгмæ курдиат арвитын, районы разамонæг Гусаты Тамерланы йæ куыстæй суæгъд кæныны тыххæй. Фæлæ уыцы хъуыддаг дæр се ппæтмæ раст нæ фæкаст. Æмбырды архайджытæй бирæтæ сты æрыгон сæргълæууæджы фарс. Разы йын сты йæ куыстæй.
Гусаты Тамерлан дæр рацыди æмбырдмæ æмæ байхъуыста æдæмы фарстатæ æмæ домæнтæм. Бирæтæ дзы хъаст кодтой, сæ бон бынæттон хицаудзинадмæ бацæуын кæй нæу, сæ лыггæнинаг фарстаты тыххæй администрацимæ куы бацæуынц, уæд сæм хъусæг кæй нæ вæййы, уымæй.
Гусаты Тамерлан бахаста фæндон, цæмæй цæрджытæ сæхи хсæнæй равзарой 3 адæймаджы, æмæ сын уыдон администрацимæ хæццæ кæндзысты сæ фарстатæ. Зæрдæ бавæрдта фембæлын адæмы минæвæрттимæ, æмæ æркæсын уавæрмæ, цæмæй иумæйаг хъуыдымæ æрцæуой, æмæ сæвзæрд хъуыддаг сраст кæной, уый тыххæй.
Касаты Наирæ
